Тугъанты
Б. радзырд «Æгъдауы амæттаг», Коцойты Арсены радзырд «Фынддæс азы», Къубалты
А. кадæг « Æфхæрдты Хæсанæ», Беджызаты Ч. радзырд «Цæр!». Хъайттаты С. радзырд
«Ирæд». Тугисыны фæстиуджытæ ирон литературæйы.
«Нæ
исын туг æмæ искæй дæр нæ ардауын ахæм хъуыддагыл…».
Тугъанты Батырбег (Фацбайы ныхæстæ).
Ахуыргæнæг
: Таймæзты Иринæ Сергейы чызг.
Мотиваци
ахуырадон архайдмæ.Темæ, урочы нысан.
Урочы
цыд.
1. Беседæ
эпиграфыл.
2.
Тугъанты Б. тыххæй цы зонындзинæдтæ райстат, цы базыдтат, уый
тыххæй радзурут. Дзуаппытæ баххæст кæнут.
Урочы
нысан: Ахуыр кæнын нæ фыдæлты цард, истори, æгъдæуттæ; аив кæсын литературон
уацмыс, сæ мидисыл сын кусын, ныхасы рæзтыл куыст, хи хъуыдыкæнынадæн аргъ
кæнын, предм. бастдзинад (ирон литературæ, æвзаг, истори, сæ бастдзинад
цардимæ; æнæниздзинад хъахъæнынады технологитæй пайда кæнын; дзырдты лексикон
нысаниуджытыл бакусын; хъомыладон куыст (къух сисын зианхæссæг æгъдæуттыл,
рæсугъд æгъдæуттыл хъомыл кæнын ныры сывæллæтты, раст хъуыды кæныныл сæ фæцалх
кæнын, царды æцæгдзинад уæлиау æвæрын, сæттынæй йæ хизын. Литературæ нæ ахуыр
кæны раст цæрын æмæ ууыл кусын (ома раст цæрыныл – дæнцæг æрхæссын диктантты
æмбырдгонд 5-9 къл.
Цæстуынгæ
æрмæг: ахуыргæнæн чиныг, хрестомати, фильм «Уазæг» («Гость»). Коцойты Арсены
конд нывтæ æмæ карикатурæтæ зианхæссæг æгъдæутты тыххæй, сывæллæтты конд нывтæ.
Урочы
метод: беседæ, комментаритимæ кæсын, хъуыды кæныныл цалх кæнын, урочы
зонындзинæдтæй царды спайда кæнын зонын.
Урочы цыд.
1.
Организацион момент.
2. Зонындзинæдты
актуализации.
3.
Сæвæрын ахуырадон хæс. Ахуыргæнинæгтæ æвæрынц
сæ разы хæстæ. Ахуыргæнинæгтæ дих кæнынц æртæ къордыл: фыццæгтæ сты тугисыны
фарс, дыккæгтæ – тугисыны ныхмæ, æртыккæгтæ сæ раст хъуыды кæныныл цалх кæнынц.
4.
Дзырдуатимæ кусын: зынæмбарæн дзырдты нысаниуæг
сбæрæг кæнын. Аффект. Гуманизм.
5.
Урочы темæйыл кусын.
6.
Систематизаци æмæ хатдзæгтæ.
Радзурут,
цы зонут зианхæссæг æгъдæутты тыххæй. Цавæр уацмысты бакастыстут уыдоны тыххæй?
Ранымайут сæйраг архайджыты нæмттæ.
Цæуыл
у йæ тох Хæсанæйæн? Фацбайæн, Данелæн, Къомбохæн? Чи цы спайда кодта ацы
хæстæй? Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрын кодтой ацы уацмыстæ, хъайтартæ? Куыд дары
йæхи Хæсанæ йæ мæлæты размæ? Куыд дары йæхи Госæма, куы базыдта Солæманы туг
райста йæ фырт, уæд?
Цы
бакæнын хъуыди, цæмæй туг ма ныккалдаид, уый тыххæй? Исты амал ссарæн уыдис,
цæмæй ацы быцæу æнæ туг ныккалгæйæ ахицæн уыдаид? Цы йæ хъыг дардта? Æгъдау
домдта: кæ туг фидын нæ, уæддæр æгъдаумæ гæсгæ бафидауын, туджы фынг æрæвæрын.
Æнудæсæм æнусы дыккæгæм æмбисы Ирыстоны дæр паддзахы закъæттæ æрфидар сты.
Туджы хъуыддæгтæ æвзæрста паддзахадон тæрхондон. Гъе, фæлæ адæмы зæрдæ æмæ
зондмæ хуыздæр касти ирон фидыд, ома фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ. Уымæн æмæ паддзахы
тæрхондон лæгмарæй хызта æхсæнады, фæлæ, лæгмары амæттаг чи баци, уыцы бинонты
фæндиæгтæ нымады нæ уыдысты тæрхондоны раз. Ныр та сын фидынц моралон æмæ
материалон хардзтæ æмæ зиан.
Тугъанты Б.
радзырд «Æгъдауы амæттаг»-ы та туг цæмæн ныккалди?
Бауромæн
ын уыдис уыцы туг ныккалдæн? Абарут Фацбай æмæ Хæсанæйы. Тугмондаг сты ацы
дыууæ æрыгон адæймаджы? Кæй фарс рахæциккат сымах? Цæмæн? Сæ дыууæйы саст
хъысмæты аххосджыныл кæй нымайут? Хæсанæйæн йæ бон уыдис туг ма райстаитд? Раздæр
цæуылнæ райста йæ фыды туг Хæсанæ? Фацбайæн та? Куыд æмæ цæмæн æрцыд ацы
фыдбылыз? Аффекты тыххæй радзурын ахуыргæнинæгтæн. Дзырд «аффект»-ы нысаниуæгл
бакусын.
Аффект
– приступ сильного нервного возбуждения (ярости, ужаса, отчаяния).
Зæгъут,
цы бауыдаиккой сæ мæдтæ? Абарут сæйраг архайджыты. Цы сæм ис иумæйагæй? (Фыццаг
къорд), цæмæй хицæн кæнынц? (Дыккаг къорд).
Иу
къорд дзуапп дæттынц Хæсанæйы мады тыххæй, иннæ къорд та Фацбайы мады тыххæй.
Радзурын
Коцойты Арсены радзырд «Фынддæс азы»-йы сюжет? Цæй фæдыл æрцыд ам та тугкалд?
Чи у сæйраг аххосджын? Цæмæн? Данелы фæндыд лæппуйы амарын? Цæмæн амарын кодта
иннæ лæппуйæн йæхи? Раст бакодта æви нæ? (Ацы фæстаг дыууæ фарстыл бакусын
дыууæ къордæй æмæ зæгъын сæ хъуыдытæ аргументтимæ).
Коцойты
Арсены цæстæнгас зианхæссæг æгъдæуттæм, йæ карикатурæтæ ирæды тыххæй.
2. Ахуыргæнæг
кæсы Беджызаты Ч. радзырд «Цæр!» комментаритимæ.
3.
Дзырдты лексикон нысаниуæгыл бакусын…
4.
Фарст. Цæмæй хицæн кæны ацы радзырды сюжет иннæ радзырдты сюжетæй? Гуманизмы
тæфаг (влияние) фæзынд ацы радзырдыл? Абарут Фацбай æмæ Къомбохы. Удыхъæдæй сæ
тыхджындæр чи разынд? (Проблемон ситуаци). Цæмæн афтæ хъуыды кæнут? Иутæ
Фацбайы фарс сты, иннæтæ Къомбохы.
5.
Гуманизм-ы нысаниуæг ма бамбарын кæнут.
Гуманизм
– отношение, проникнутое любовью к человеку, заботой об его благе (ома
адæймаджы уарзын, аудын ыл).
Нæ
хъайтартæй искæй схонæн ис гуманист? Хæсанæ, Фацбай, Данел, Къомбох адæмы
уарзынц? Аудынц сыл? Искæмæн исты æвзæрдзинад сарæзтой сæ туджджынтæы йеддæмæ?
Чиныджы исты фыст ис уый тыххæй? Сымах сæ аххосджын кæнут? Цы сын стæрхон
кæниккат? Цæмæн? Кæй сраст кæниккат? Гуманисттæ схонæн сын ис? Исты
къуылымпыдзинæдтæ ис уæ разы? Цы не ,мбарут?
6. Цавæр уацмысы
тугисыны æгъдау ахицæн æнæ туг ныккалдæй? Цæй руаджы бафтыд уый сæ къухы? Зонды
уæлахизы тыххæй. Ацы хабар та цавæр зианхæссæг æгъдауы тыххæй хъуамæ æрцыдаид?
(Хъайттаты Сергей «Ирæд»). Кæрæдзийæн баххуыс кæнын (взаимопомощь).
7. Ахæм хатыры, барсты
фæстæ адæмы, туджджынты ахастытæ хуыздæр кодтой æви æвзæрдæр? Куыд ма-иу
бафидыдтой æмæ цæуыл тугкалды бæсты? Куыд амард Гæдиаты Секъа? Чи у Секъа?
Кæдæм цыдис æмæ цæмæн? ( Цыдис йæ райгуырæн хъæу Ганисмæ туджджынты фидауынмæ,
куыд кадджын, куырыхон хистæр, афтæ).
Æнæниздзинады
технологитæй спайда кæнын. Æнæниздзинад хъахъхъæныныл архайын. Хицауады роль уыцы
хъуыддаджы, тугисыны хъуыддаджы. Абон ма уыцы фарстытæ сты актуалон? Куыд лыг
чындæуынц?
8.
Бакæсын ахуыргæнинæгтæн абхазаг таурæгъ ирæттæ
æмæ абхазæгты æфсымæрдзинады тыххæй. Статья газет «Рæстдзинад». Статья «Æфсымæрдзинад?
Кæцæй сæвзæрд æмæ цæмæн хонынц абхазæгтæ мах æфсымæртæ æмæ мах та уыдон?
Ахуырадон
архæйдтыты рефлекси.
9.Хъомыладон куыст.
Уæхицæн цы пайда райстат ацы урокæй?(Адæймаг суæвын-личностные, исты базонын
–познавательные, репродуктивон – хи хъуыдыкæнынад, творческий – сфæлдыстадон. Сæхæдæг
сæхи куыстæн анализ кæнынц. Литературæ æмæ æвзаг цæмæн хъæуы ахуыр кæнын?
Адæймаджы хорз хъомыладæн тынгдæр цавæр ахуырадон предмет хъæуы? Цæмæн? Цавæр
хатдзæгтæ скæниккат тугисыны фæстиуджытæн ирон литературæйы? Зæгъут, цавæр
æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта ацы абхазаг таурæгъ æмæ цы стыр æфсымæрдзинады
цырт ныууагъта абхазаг зæронд лæг йæ адæмы æмæ мах царды. Уымæн æвдисæн сты
бирæ цаутæ нæ царды, уæлдайдæр та Гуырдзыстоны тох ацы дыууæ хæлар адæмимæ.
Абхазаг зæронд лæг цы æнæкæлгæ мæсыг самадта, уый ницы тых фезмæлын кæндзæн.
10. Бакæсæм ма уæдæ ныр
ацы таурæгъы бындурыл цы киноныв ист æрцыд, уымæ. Ахуыргæнинæгтæ кæсынц киноныв
«Уазæг»-мæ («Гость»). (ИКТ – телефонтæй бакæсын фильммæ. Компьютер нæй. Гæнæн
куы вæййы, уæд бакæсæм искæй кабинеты).
11. Уæ зæрдæмæ фæцыд?
Цæмæн?
12. Хъомыладон куыст (
цы пайда райстат уæхицæн ацы урокæй?)
13. Адæймаг куыд хъуамæ
цæра?
14. Бакæсын диктанты
текст. Афтæ цардысты æмæ цæрынц намысджын адæм. Сымахмæ та цы хъуыдытæ сæвзæрд
растæй цæрыны тыххæй. Абон сымах уыцы раст фæндагыл лæуд стут? Цавæр цæлхдуртæ
лæууы уæ разы? Кæд æмæ сæ куыд аиуварс кæндзыстут?
Хатдзæгтæ
скæнын хъомыладон куысты нысæнттæн (целям), урокæн.
Аффект
æмæ гуманизм-ы – нысаниуæг куыд æмбарут? Цæмæн нæ хъæуы ацы дзырдты нысаниуæг?
Алы адæймаг дæр цæмæн хъуамæ уарзой се ,взаг, литературæ, истори, Райгуырæн
бæстæ? Цы зонындзинæдтæ райстат ацы урочы, уыдон сты хъæугæ? Цы ран уæ
бахъæудзысты ацы æрмæджытæ, радзырдтæ?
Урочы
эмоционалон фон уæ зæрдæмæ фæцыд? Зæгъут, хуыздæр чи архайдта, куыста урочы,
растдæр чи хъуыды кодта? Кæй хатдзæгтæ уыдысты раст? Цы базонын ма уæ фæндыд
ацы урочы, иннæ урокты? Цавæр нысæнттæ æвæрут уе ,мкъласонтæн? Æрхæссут
аргументтæ уæ нысæнтты æвæрдæн.
15. Нысæнттæ сæвæрын.
16. Хæдзарон куыст.
Гæдиаты С. цард, сфæлдыстад. Ах. чиныгæй.
Бакæсын радзырд «Дыса».
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.