Инфоурок Другое Другие методич. материалыТемæ:Терк Кавказы фидауц (хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ)

Темæ:Терк Кавказы фидауц (хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ)

Скачать материал

Урок-конференци литературœйœ  "Адœймаджы ном хœссын стыр бœрн у !" Дзесты Куыдзœджы уацау «Фœндагсар Уастырджи»-мœ гœсгœ 11-œм къласы.

Урочы хœстœ:

  • Хъомыладон –  Ахуыр кœнын адœймаджы ном сœрыстырœй хœссын,зœрдœбынœй адœмœн лœггад кœнын,зœххыл œппœтыл дœр аудын,фарны фœд ныууадзыныл хъуыды кœнын цардвœндагыл.
  • Ахуырадон – базонгœ кœнын фыссœджы сфœлдыстадимœ, равдисын йœ ахсджиаг бынат ирон литературœйы,йœ уацмысты ахадындзинад чиныгкœсœджы хъомылады. Æмных кœнын уацмысы хъайтарты авторы œмœ хи ахаст равдисынœн.
  •  Зонадон -ахуыр кœнын литературон уацмыс анализ кœнын,сфœлхатын темœйœ зонындзинœдтœ,ахуыр кœнын чиныг уарзын,  бœттын историон œмœ литературон фœзындтœ.

Урочы хуыз: урок-конференци.

Методтœ: эвристикон беседœ, проблемон фарст..

Урочы œрмœг : фыссœджы уацмысты равдыст, фœрстытœ фœйнœгыл œрныхас кœнынœн, сывœллœтты презентацитœ œмœ раныхœстœ.

Урочы пълан:        I.Ахуыргœнœджы раныхас урочы темœйыл.

                                 II. Дзырдуатон куыст

                                 III. Ахуырдзауты презентацитœ

                                 IV. Проблемон фарстаты œвзœрст.

                                 V.Хатдзœгтœ

                                 VI.Бœрœггœнœнтœ

                                VII.Хœдзармœ куыст.

 

Урочы цыд

I.Ахуыргœнœджы раныхас урочы темœйыл. Урочы темœ: «Адœймаджы ном хœсс..ын стыр бœрн у !»Дзесты Куыдзœджы уацау«Фœндагсар Уастырджи»-мœ гœсгœ

 

II. Дзырдуатон куыст.

Сбœрœг кœнын дзырдты нысаниуœг:

Этикœ

Арм дарын

Аудын

Æмиу

III. Æвдыст цœуынц презентацитœ.

 Фыццаг- « Дзесты Куыдзœджы цардвœндаг»- Фидараты Викœ.

Дыккаг –«Куыдзœджы сфœлдыстад»-Хъороты Линдœ.

Æртыккаг у раныхас- уацауы сюжет цыбырœй œрлœууын кœнын зœрдыл.-Къозонты Альбинœ.

IV.1.Ахуыргœнœджы раныхас:

     Уацмысы сюжетмœ байхъусгœйœ ,фыццаг бакастœй зœгъœн ис ,œмœ ныхас цœуы œрвылбоны цаутыл: фœндагмœ йœ цœст чи дары,уыцы кусœг йœ хœстœ œххœст кœны ,зилы йœм, сыгъдœг œй кœны.Æмœ цымœ œцœгœй дœр афтœ у ?

-(Уый œрмœстдœр фыццаг бакастœй, уымœн œмœ куыд дарддœр , афтœ œнкъарыс,уыцы хуымœтœджы хабœрттœ адœймаджы бœрзонд удыхъœдыл дзурœг сты,œнусон нысаниуœг кœмœн ис, уыцы миниуджытыл)

     Æркœсœм œмœ уœдœ равзарœм нœ размœ œвœрд фœрстытœ œмœ сбœрœг кœнœм,  раст стœм  œви нœ.     "Адœймаджы ном хœссын стыр бœрн у !"- раст сбастам нœ темœ Куыдзœджы уацмысимœ œви нœ.

       2.Фœйнœгмœ  хаст цœуынц проблемон фœрстытœ:

А.Дзаххойы этикон фœдзœхстытœ.

Æ.Фœндаджы нысаниуœг уацмысы.

Б.Сœргонды дыууœ нысаниуœджы.

В.Фыссаджы ахаст йœ хъайтармœ,мах ахаст.

А.1. «Мœ куыст дзœгъœлы куыд ныууадзон.?Адœм мœ зыд œмœ кœрœф не схондзысты?»

2. «Абонœй фœстœмœ хœрзиуœг ракœны куы уа мœ зœрды, уœд-иу раздœр ахъыды кœндзынœн…»

3. «Ард дын хœрын,адœмœн уарзон хœдзар œдзœрœг комы нœ, фœлœ хохы цъуппыл куы цœра,уœддœр иунœг никуы уыдзœн».

4 «.Цал œвзаджы зонай, уал лœджы дœ».

5.  «Лœг адœмы кœм хъœуа,уым куы архайа.уым куы цœра ,уœд ма йœ цы хуыздœр хъœуы.»

    Гуыргœ чи ракœны,уый мœлгœ дœр кœны,уœдœ куыд .Искœд мœнмœ дœр œрцœудзœн уыцы рад,œмœ дын зœгъын: ацы комы мœ ном чи нœ фехъуыста ахœм лœг нœй .Æмœ фидарœй мœ бон зœгъын у …адœмœй иу дœр афтœ нœ зœгъдзœн: «œгайты-ма ныммарди!»Гъе ныр дœ хорзœхœй,œрмœст уый дœр œгъгъœд нœу адœймагœн?

6. «Уе ,хцайœ ахсджиагдœр мœгуыр фœндаггон лœг,мœ тœфтыл дœр чи нал

 ауайдзœн».

7. «Уазœг- Хуыцауы уазœг».

8. «Раттœджы къух райсаг у».

 

Æ.1.Дзаххо-фœндагаразœг.

         Йœ куыст œмœ хœстœ.

        Фœндаггœттыл аудын.

      2.Дзаххо œмœ Дзиттайы цардвœнаджы фœтк- фœрнœйдзаг œмœ     фœзминаг.

(Адœмœн зœрдœбын лœггад кœнын,зœххыл œппœтыл аудын).

Б.  Комы œмœ œфцœджы бардуаг-Дзаххо- адœмыл ,бœлццœттыл аудœг.Зœрдœйы хорзœй адœмœн лœггадгœнœг.

Уœлаврон зœд, ирон адœммœ œппœтœй кадджындœр.

В.Уарзон хъайтар.

Цœмœн у уарзон авторœн?цœмœй бœрœг у.

Сымах ахаст уацауы сœйраг хъайтартœм.

 

 V.Хатдзœгтœ

-Куыд баст у нœ темœ уацмысимœ.

-Цœуыл у нœ уацмыс?..Хуымœтœг фœндагаразœджы куыстытыл?

-Цавœр адœймаджы миниуджытыл  цœуы ныхас?

-Ахœм миниуджытœй хайджын адœймаг ис схонœн œцœг адœймаг? Йœхимœ стыр бœрн чи райста-адœймаг уœвын?

-Цœмœ бантыст Куыдзœгœн ахœм ирд фœлгонц саразын?

-Ацы уацмыс  йœ фœстаг уацмыс.Цы йœ ис схонœн?(Ныстуан)

- Хъœуынц нœ царды йœ фœдзœхстытœ:

Адœмœн зœрдœбынœй лœггад кœнын.

Æппœтыл арм дарын.

Хœлар œмœ зœрдœхорз уœвын.

Дзырд œмœ архайд œмиу кœнын.

 

VI. Бœрœггœнœнтœ.

 VII.Хœдзармœ куыст.  Ныффыссын эссе «Цавœр хъуамœ уа œцœг адœймаг».

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Темæ:Терк Кавказы фидауц (хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ)"

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 2 месяца

Управляющий рестораном

Получите профессию

Няня

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Краткое описание документа:

Темæ:Терк Кавказы  фидауц

(хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ)

 

Нысан: Сывæллæтты ахуыр кæнын хъуыды кæнын иронау, Раст фæткыл æвæрын хъуыдытæ æмæ хъуыдыйæдтæ. Гуырын кæнын сывæллæтты зæрдæты æрдзмæ уарзондзинад.Ныхасы рæзтыл куыст.

Урочы цыд: I.Организацион хай.

II.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

III.Ног æрмæг.

 

1.  Бакæсут æмбисæндтæ.  Бамбарынсынкæнутсæ хъуыды.

-        Донкæмнæй, уымцарддæрнæй.

-        Донцæрæнбонтыхъæргæнгæ цæуы, фæлæ йындзуаппничидæтты.

-        Донйæ зæрондфæдагуры.

 

2.  Фыццаг  æмбисондмæ гæсгæ, нывтыл æнцойкæнгæйæ, саразутчысылрадзырддонадæймаджыцардыцыпайдаууыйтыххæй                                                           НЫВТÆ Нывтæм гæсгæ саразут хъуыдыйæдтæ.

 

3.        Бакæсут æмдзæвгæтæ.

1).

-        Кæцæй кæлыс, Терк?

-        Рагон дугты арфæй.

    Æрхастон уын уæ дардфыдæлтæй арфæ.

-   Кæдæм цæуыс, Терк?

-        Рухсуынæн замантæм.

-        Фæхæсс фæлтæртæн махæй дæр саламтæ. 

                                                    (Гæлуаты А.)

2).

     Там Терек издали кружит,

Меж скал пустынных протекает,

И пеной зыбкой орошает

Высокий берег …

(М. Лермонтов).

Ахуыргæнæг:

1). Беседæ:

- Цавæр цæугæдоны кой цæуы текстты?

- Цавæр хъуыды æвæрд ис фыццаг æмдзæвгæйы?

- Куыд зæгнъы Лермонтов Терчы доны цыдæй?

2). Нысан сæвæрын.

- Абон нæ урочы, алыхуызон æрмæджытæй пайда кæнгæйæ, хъуамæ саразæм текст цæугæдон Терчы тыххæй.

Æнцой кæнæм Цæгат-Кавказы картæйыл, Ирыстоны картæйыл; ис нæм, текст аразгæйæ цы дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæй спайдагæнæн ис, ахæм дзырдтæ æмæ  хъуыдыйæдтæ.

     Нæ текстæн хъуамæ бацæттæ кæнæм йæ арæзты пълан.

Цæмæй хъуамæ райдайæм?

1). Кæцæй райдайы Терк йæ цыд?

2). Куыд кæлы дон хæхбæсты?

3). Цавæр цæугæдæттæ ма кæлы Теркмæ?

4). Цас у цæугæдоны дæргъ?

5). Кæдæм кæлы Терчы дон?

6). Цавæр республикæтыл, горæттыл, хъæутыл кæлы ацы дон?

7). Цы пайда у Терк адæмæн, хæдзарæдтæн?

8). Цавæр у доны экологион уавæр ныртæккæ?

9). Куыд æмæ цæмæн хъæуы Терчы дон хъахъхъæнын?

 

 

4. Дзырдуатон куыст:

Раст бакæсут дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ.Ирон-уырыссаг дзырдуатмæ гæсгæ сын бацамонут сæ нысаниуæг.

 

Гуылфгæнгæ  æмæ  абухгæ  кæлын, ралæбурын,   æнхъæвзын, цардыхос уæвын, зæххытæ æфсадын,  змæст æмæ чъизи,  æрдз  хъахъхъæнын.

       

- Дзырдтимæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнын.

 

5.  Лæвæрд дзырдтæм ссарут синонимтæ. Зæгъут, цавæр ныхасы хæйттæ сты.   

  Къаннæгдæр,    æнæнымæц,  фæкъаддæр.  

 

          Æрхъуыды кæнын (лæвæрд дзырдтæй равзарут)  Терчы доны   цыд йæ райдайæнæй йæ кæронмæ чи  ’вдисы, ахæм мивдисджытæ.    

(абухгæ ралæбуры, згъоры, гуылф-гуылф кæны, дуртæ хæссы, кæлы, æфсады, æххуыс кæны, чъизи кæны, …)

 

          6. Пъланмæ гæсгæ кусæм.

1). Терк йæ цыд райдайы  Дайраны  комæй,  Зилгæ хохæй.

2). Цæугæдон йæ цыд райдайы абухгæ, гуылф-гуылфгæнгæ, …..

3). Фæндагыл Теркимæ сæ цыд баиу кæнынц къаннæгдæр цæугæдæттæ: Æрыдоны дон, Фыййаджыдон,  Джызæлдон, Камбилеевкæйы дон æмæ Урсдон.

4). Терчы доны дæргъæн у 623 км, кæлы  Хъаспийы  денджызмæ.

    5). кæлы  Хъаспийы  денджызмæ

6). Терк  кæлы Цæгат-Кавказы цыппар  республикæйы зæххытыл: Цæгат  Ирыстон-Аланийы,  Кæсæг-Балхъары,  Цæцæны  æмæ  Дагестаны

7 Фæлæ  Терк  абон  йæхæдæг  у  æххуысхъуаг.  Теркмæ  æмæ  йæ  къабæзтæм  бирæ  чъизитæ  калынц  алыхуызон  заводтæ.  Цæугæдон  кæны  змæстдæр  æмæ  чъизидæр,  йæ  дон бæлвырд фæкъаддæр, фæкъаддæр ис  йæ   кæсæгты нымæц дæр.  Уыцы  фарстайыл  кусы  абон  Алыварсы  æрдз  хъахъхъæнынады  министрад.

 

 

5.        Текст фæйнæгыл фыссын, кæнæ скъоладзаутæ (къордты кусгæйæ) сæ тетрæдты.   

 Бакæсут текст.

 

Терк

 

Гуылфгæнгæ  æмæ  абухгæ  ралæбуры  Терк  Дайраны  комæй.   Терчы донмæ кæлынц къаннæгдæр хохаг цæугæдæттæ: Æрыдоны дон, Фыййаджыдон,  Джызæлдон, Камбилеевкæйы дон æмæ Урсдон.

 Терк  кæлы Цæгат-Кавказы цыппар  республикæйы зæххытыл: Цæгат  Ирыстон-Аланийы,  Кæсæг-Балхъары,  Цæцæны  æмæ  Дагестаны

 Терчы доны дæргъæн у 623 км, кæлы  Хъаспийы  денджызмæ.

 Терк цардыхос  у йæ  фæйнæфарс  æнæнымæц  бирæ  хъæутæн  æмæ  горæттæн.  Донæй  æфсады  хуымзæххытæ,  дæтты  бирæ  алыхуызон  арæзтадон  æрмæг,  ис  ыл  электрон станцæтæ.

Фæлæ  Терк  абон  йæхæдæг  у  æххуысхъуаг.  Теркмæ  æмæ  йæ  къабæзтæм  бирæ  чъизитæ  калынц  алыхуызон  заводтæ.  Цæугæдон  кæны  змæстдæр  æмæ  чъизидæр,  йæ  дон бæлвырд фæкъаддæр, фæкъаддæр ис  йæ   кæсæгты нымæц дæр.  Уыцы  фарстайыл  кусы  абон  Алыварсы  æрдз  хъахъхъæнынады  министрад.

 

  6). Рафыссут банысангонд хъуыдыйад. Хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ йæ равзарут.

Терчы донмæ кæлынц къаннæгдæр хохаг цæугæдæттæ: Æрыдоны дон, Фыййаджыдон,  Джызæлдон, Камбилеевкæйы дон æмæ Урсдон.

 

- Цæмæй хицæн кæны?

- Ссарут ма тексты ахæм хъуыдыйæдтæ?

- Скæнут хатдзæг хъуыдыйады æмхуызон уæнгты тыххæй.

 

         7.    Картæмæ гæсгæ баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ:

 

2). Терчы доны был арæзт æрцыдысты горæттæ: ………., хъæутæ: ….

 

8.   Тестытæ  баххæст  кæнын.

1. Æмхуызон уæнгтæ ис хъуыдыйады

1)

2)

3)

 

2. Æмхуызон сæйрæттæ ис ацы хъуыдыйады

а)  Базон-базон, циу,

     Мыст у, æви цъиу?

б) Бон нæ тæхы, нæ уыны,

     Æхсæвыгон фæзыны

в) Хъарм бæстæм фыццаг атæхынц: сауцъиутæ, зæрватыччытæ, булæмæргътæ, дзывылдартæ æмæ æндæртæ.

 

2. Æмхуызон зæгъинæгтæ  ис ацы хъуыдыйады

а) Ацы дзаума фендзынæ кулдуарыл, уæрдоны кæнæ уæзласæн машинæйы гуыффæйыл фидаргондæй.

б)  Пыл фæразы бирæ кусын, хæссы уæзæгтæ, æххуыс кæны адæймагæн.

в) Иухатт  иу уаллон бабæллыд калмы дæргъмæ.  

 

4. Хъуыдыйады арæзт æвдисы схемæ.

 

Терк йæ донæй æфсады  хуымзæххытæ,  дæтты  бирæ  алыхуызон  арæзтадон  æрмæг,  зилы электрон станцæтæ.

 

а) ÆУ, ÆУ, ÆУ.

 

б) ÆУ  æмæ  ÆУ, ÆУ.

 

в) ÆУ, ÆУ   æмæ  ÆУ.

 

5. Æрхæцæн нысæнттæ раст æвæрд сты хъуыдыйады.

 

а)  Бæлæсты сыфтæртæ базмæлыдысты, æмæ сыбар-сыбур кодтой.

 

б) Нанаимæ хъæды  фæтонæм гагадыргътæ, фæуидзæм зокъотæ.

 

в) Уалынмæ хæрæг бастад, йæ уаргъ нал фæрæзта, зæххыл адаргъ, æмæ ныммард.

 

6. Цифрæты бæсты къæдзыгтæ æвæрын хъæуы.

 

Цæугæдон  кæны  змæстдæр 1) æмæ  чъизидæр 2) бæлвырд фæкъаддæр 3) нал у нæ Ирыстоны фидауц.

 

а) 1,2,3

 

б) 2,3,

 

 

 

  Хъуыды кæронмæ ахæццæ кæнут.

 

Æмхуызон уæнгтæ дзуапп дæттынц ... – загъд цæуынц ранымады интонацийæ.

Æмхуызон вæййынц куыд сæйраг уæнгтæ, афтæ … .

Æмхуызон уæнгты ’хсæн къæдзыг уæд февæрæм, … .

 

 Хæслæвæрдтæ ма раттын:

1. Хъуыдыйæдтæ фæдаргъдæр кæнын æмхуызон уæнгтæй.

2. Атасындзæг кæнут дзырдбæстытæ:

цæугæдоны был, цъæх арв, цалдæр лæппуйы.

 

3. Аифтындзæг кæнут мивдисджытæ  нырыккон афоны æргомон зæдæхæны:

                          фæллад уадзын, хи найын, футболæй хъазын.

 

4.     Нывмæ гæсгæ куыст.

                                      

(Ам хъæуы   ныв)

   (Нывы æвдыст цæуы,   Терчы был цы ног фæлладуадзæн бынæттæ ис, уыдонæй иу. Сæрдыгон бон. Адæм сæ фæллад уадзынц Терчы был. Сывæллæттæ  - херыйæ хъазынц,  фæсивæд та – футболæй;  ацæргæ адæймæгтæ тезгъо кæнынц,  бæлæсты аууон бандæттыл бадынц, ныхас кæнынц;  æмæ а.д.)

 

  Лæвæрд пъланæй пайда кæнгæйæ, нывмæ гæсгæ бацæттæ кæнын чысыл радзырд ахæм темæйыл: "Терчы был сæрдыгон". Уæ радзырды спайда кæнут диалогæй.

 

                    Пълан:

1.    Сæрдыгон бон.

2.    Терчы дон.

3.    Адæм æрбацыдысты Терчы былмæ.

4.    Алчи йæ  фæллад уадзы.

5.    Куыд хорз у сæрдыгон Терчы был!

                                                                                          

Дзырдтæ æмæ  дзырдбæстытæ спайда кæнынæн:

      Райдзаст бон, сыгъдæг арв, фæллад уадзын, ардæм фæтагъд кæнынц, хъæлдзæг бынат,  хурмæ тавын, бæлæсты бын, сатæг уæлдæф, æнцой боны, алыхуызон хъæзтытæ, хи ирхæфсын.

 

IV.Æрмæг ныффидар кæнын.

  Диалогтæ аразын ног æрмæгæй.

 

V. Хæдзармæ куыст. Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ сфæлхатын.

 

 

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 625 249 материалов в базе

Скачать материал

Другие материалы

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 06.01.2015 394
    • DOCX 1.5 мбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Кулова Бэлла Батыровна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Кулова Бэлла Батыровна
    Кулова Бэлла Батыровна
    • На сайте: 8 лет и 8 месяцев
    • Подписчики: 0
    • Всего просмотров: 2977
    • Всего материалов: 8

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Интернет-маркетолог

Интернет-маркетолог

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс профессиональной переподготовки

Руководство электронной службой архивов, библиотек и информационно-библиотечных центров

Начальник отдела (заведующий отделом) архива

600 ч.

9840 руб. 5900 руб.
Подать заявку О курсе

Курс профессиональной переподготовки

Библиотечно-библиографические и информационные знания в педагогическом процессе

Педагог-библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3950 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 458 человек из 66 регионов

Курс повышения квалификации

Специалист в области охраны труда

72/180 ч.

от 1750 руб. от 1050 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 40 человек из 19 регионов

Мини-курс

Основы образовательной политики и информатики

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Инновационные методы обучения и игровые практики для детей с ОВЗ

3 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 47 человек из 22 регионов

Мини-курс

Проектное управление

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе