Инфоурок Другое Другие методич. материалы"Зонд кæм и,æрхъуыды дæр уым и".

"Зонд кæм и,æрхъуыды дæр уым и".

Скачать материал

6 кълас.

Темæ: Зонд кæм и,æрхъуыды дæр уым и.

Нысан:1. Комеди, юмор æмæ сатирæйы тыххæй æмбарынад фæарфдæр кæнын.

2.Уацмысы фольклорон бындурыл æрныхас кæнын.

3.Пьесæйы идейон мидис ахуырдзауты æххуысæй раргом кæнын.

2. Скъоладзауты дзырдуат фæхъæздыгдæр  кæнын диалогон ныхасы руаджы.

3. Архайды комизм, йæ æнæнхъæлæджы кæронбæттæн.

4.Æвзаджы мадзæлттæй раст пайда кæнын дзургæ æмæ фысгæ ныхасы;

5.Ирон литературæ æмæ æвзагмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын       

                     æвзаджы алыхуызон фæрæзтæй.

Урочы эпиграф

                                                ”   Зондджын-амондджын,

                                                     æнæзонд-æнамонд“

Урочы цыд.

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Ахуыргæнæг æмæ сывæллæтты диалог:

  -Уæ бон хорз, сывæллæттæ!

 -Æгас цу!

Абоны урок иннæ уроктæй хицæн кæндзæн.Цӕмæй хицæн кæндзæн, уый та мын сымах зæгъдзыстут урочы кæрон.

Ахуыргæнæг:

II. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

  1.Цы уын уыд лæвæрд абоны урокмæ ?

Хæдзармæ нын лæвæрд уыд:

а)Кочысаты Розæйы цард æмæ сфæлдыстад.

æ) Бакæсын пьесæ ”Гæды лæг , кæнæ Нæ пъырыстыф сæрра“

Хъуысы музыкæ

Умархан заргæ æрбацæуы…

Пьесæйæ скъуыддзаг  (Мызылон æмæ Умархан)

Ахуыргæнæг:

Уæ разы уыд  рагон царды ныв.

 -Чи уыдысты ацы персонажтæ?

-Мызылон æмæ Умархан)

  - Уæдæ нæ Мызылон æмæ Умархан хонынц рагзамантæм.

 Нæ раззаг урочы базонгæ стæм уацмысимæ æмæ уын уыд хæдзармæ лæвæрд хæстæ:

I къорд-иртасджытæ

II къорд-историктæ

III къорд-нывгæнджытæ

IYкъорд-актёртæ

Yкъорд-музыканттæ

Къордты куыстмæ абон нæ размæ цы нысан ис?

1.Уацмысы сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын.

2.Цы рæстæг нын æвдисы пьесæйы автор?

3. Равзарын уацмысы æвзаг.

4. Абарын æй абоны цардимæ.

5. Цæмæн нæ хъæуынц уыдæттæ?

-Ауайын кæнæм нæ цæстытыл ивгъуыд царды нывтæ.

-Ирон æвзаджы хъæздыгдзинæдтыл æрдзурын.

-Царды сæйрагдæр цы у, ууыл ахъуыды кæнын.

6.Къордты куыст.

Ныхасы бар иртасджытæн:

Кочысаты Розæйы номæй дзуры чызг :"Æз райгуырдтæн Ольгинскæйы 12 майы 1888 азы. Мæ фыд уыдис рæстæмбис цæрæг зæхкусæг. Уый тыг хорз зыдта ирон æгъдæуттæ,  таурæгътæ,  кадджытæ, зарджытæ, аргъæуттæ.Фыццаг  ахуыр  кодтон  нæ хъæуы дыууæкъласон дины скъолайы, уый фæстæ мæ радтой ирон чызджыты скъоламæ  Дзæуджыхъæуы. Уым  фæцахуыр кодтон  æртæ азы.  Ме 'фсымæр службæ кодта Ташкенты  æмæ мæ йемæ акодта уырдæм 1901 азы. Ташкенты  уыдтæн  дыууæ азы сылгоймæгты гимназы æмæ  дзы фæдæн ахуыр 5-æм кълас. Уы й  фæстæ æрыздæхтæн Дзæуджыхъæумæ  æмæ  бацыдтæн  6-æм  къласмæ. Кæронмæ  йæ  каст  нæ фæдæн. Нæ  бинонтæн  гæнæн нал уыд.Мæ сабидуг баст уыд  кæддæриддæр мæ  хъæу  æмæ  мæ  бинонтимæ. Æз дæр, сымахау, уыдтæн  чысыл  æмæ  тынг бирæ  уарзтон  ме  'мгæрттимæ  хъазын, тезгъо  кæнын.Уæлдай  тынгдæр  та  уарзтон, мæ  фыд  мын  цы  аргъæуттæ  дзырдта, уыдонмæ хъусын. Иу  хатт  мæ сбадын  кодта  йæ  уæрагыл  æмæ  мын  радзырдта "Мæгуыр зæронд  лæг  æмæ  усы  аргъау". Мæ  зæрдæмæ  афтæ арф бахъардта  æмæ  сфæнд  кодтон  уыцы  аргъауы  бындурыл  чысыл  пьесæ ныффыссын  ирон  цардæй: "Гæды лæг, кæнæ Нæ пъырыстыф сæрра". Лæварæн мын æй айсут .

Ахуыргæнæг:

-Чи уыд ацы чызг, йæ царды хабæрттæ уын чи радзырдта?

Дзуапп:

 Ацы чызг уыд Кочысаты Розæ.

Ныхасы бар историктæн:

1774  азы  Ирыстон  баиу  Уæрæсеимæ. Æмбырд  цыди  Мæздæджы. Ирыстонæй  уырдæм  æрвыст  æрцыдысты  дзырддзæугæ  лæгтæ. Уæрæсе æмæ  Ирыстон  баныхас  кодтой,  кæй  сæ  ничиуал  хъыгдардзæн, хъахъхъæд кæй цæудзысты знаджы ныббырстытæй, æххуыс  сын  кæй  кæндзæн Уæрæсейы  паддзах. Бар  сын  радтой, хохæй  быдырмæ  кæй  аивдзысты  сæ цæрæн  бынæттæ.  Хъæздгуыты  тынг  нæ  фæндыд  Уæрæсеимæ  баиу уæвын, уæд  хуымæтæг  мæгуыр  адæмыл  сæ  бон  афтæ  тынг  нал  цыдаид. Фæлæ  куы  бамбæрстой ,утæппæт  адæмы  ныхмæ  сæ  бон  нæ  бауыдзæн æрлæууын, уæд  уыдон  дæр  сразы  сты  семæ. Мæгуыр  адæмæн  сæ  цард фæрогдæр,  хæдзарад  æмæ  культурæ  дæр  рæзын  байдыдтой, фæлæ  та сын бирæ  нæ  ахаста  уый  дæр. Паддзах  ирон  адæммæ   сæрвыста  йæхи æвзæрст лæгтæ.  Уыдон  не  'мбæрстой  не' гъдæуттæ  æмæ   не  'взаг . Уæрæсе афтæ  æнхъæлдта   æмæ  сын  ирон  адæм  дæр  уырысы  хуызæн  бардзысты се  'фхæрд. Ногæй  та  нæ   адæм  æвзарын  райдыдтой  æфхæрд  æмæ гуымиры  ахастытæ  уырыссаг  чиновниктæй. Ирон  адæм  сыстадысты  сæ ныхмæ, схуыстæй  кæй  архайдтой семæ, уый  тыххæй. Æртхъирæнæй  никуы тарстысты  ирæтттæ, æмæ  та ам  дæр  равдыстой  сæ  лæджыхъæд. Сæ бон басæттын нæ уыд адæмы. Паддзах  сæм пъырыстыфты сæрвыста. Хорз бынæтты  сæ  æрæвæрдта, фæлæ  уыдон  та  сæхи  куыд  æвдисынц ?

Дзырдуатон-фразеологион куыст:

æргъæу  чырын-рæсугъд, аив чырын.

грустæ-капеччытæ, æхцатæ афтæ хоны Мызылон.

дари-зæлдаг хъуымац

къулер-хицау рарвит-барвит кæнынæн кæй дардта, ахæм адæймаг

комдзог цæуын-дзырдтæ хæсссын, искæуыл æвзаг кæнын, гадзрахатæй цæуын.

пъырыстыф- адæммæ æвæрд лæг(пристав-приставленный)

Ныхасы бар иртасджытæн:

Розæйы сфæлдыстад.

Розæйæн литературон куыст йæ професси нæ уыдис. Фысгæ дæр уымæн чысыл ныккодта-æдæппæт дыууæ пьесæйы. Уыдонæй иу -”Гæды лæг кæнæ нæ пъырыстыф сæрра“, иннæ та ”Мæ уарзондзинад  æви мæ фыды ныхас?“. Уыдон адæмы зæрдæмæ афтæ тынг фæцыдысты æмæ суанг абоны бонмæ дæр сценæйæ нæ цух кᴂны. Розæ ма ныффыста æртыккаг пьесæ дæр( Зæхх-ме ′вдисæн,хур-мæ комдзог“, фæлæ уый текст къухфыстæй фесæфт.Адæм æй зонынц, æрмæст Æлборты Барис æй куыд бахъуыды кодта æмæ радзырдта, афтæмæй.Йæ уацмыстæ иууылдæр фыст æрцыдысты 1905 азы.Уый размæ Ольгинскæйы æвæрд æрцыдысты Елбыздыхъойы фыццаг пьесæтæ ”Уæрæседзау“ æмæ ”Худинаджы бæсты –мæлæт“. Уыцы пьесæтæм куы бакастысты , уæд хъæуы скъоладзау чызджытæ сарæзтой ”сылгоймæгты драмон къорд“ æмæ  Розæ йæ пьесæтæ фыста уыцы къордæн. Йæхæдæг дæр уыдис уыцы драмон къорды уæнг.Уæды рæстæг театры æрмæст нæлгоймæгтæ хъазыдысты. Афтæмæй ирон чызджытæ сæхицæн фæндаг сарæзтой канд театры аивадмæ нæ , фæлæ драматургимæ дæр.Фæстæдæр фæзындысты æндæртæ дæр, фæлæ Розæ уыд фыццаг ирон сылгоймаг фыссæг.

Пъырыстыф  æмæ  Умархан  тæлмацы  руаджы  ныхас  кæнынц.

     Дыккаг акт (1-аг рацыд).

-Куыд  дары  йæхи  пъырыстыф?

 -Кæм  лæууы  Умархан?

 Цы  базыдтам  ацы  скъуыддзаг  бакæсгæйæ?

(сывæллæтты дзуаппытæ)

Лингвистикон анализ скæнын текстæн.

Иртасджытæ, ныхасы бар уын(бауынаффæйы фæстæ дзуапп дæтты иу ахуырдзау)

Тексты æмбæлынц :

  -сидæнтæ..

  -æлгъыстытæ…

  -ахæсгæ ныхас..

  -фидистæ ..

 -гуымиры дзырдтæ…

  -сомытæ…

  -бустæ..

 -бирæнысанон дзырд-(зылын)

-æрбайсгæ  дзырдтæ

- Цавæр  хъуыдыйæдтæ  дзы  æмбæлы  фылдæр  сæ  загъды  нысанмæ  гæсгæ?

- Архайджыты ныхас куыд хуыйны?(диалог)

Умархан, Мызылон, Мча, Къомиан

Цавæр номдартæ  сты? 

Куыд сæ фыссæм?

Иртасджытæн ныхасы бар:

Ссарут -ма сæ сымах дæр.

Цæмæн сæ пайда кæны автор?

1)    персонажты миддуне æргом кæны;

2)    авторы ахаст персонажтæм;

3)    характеристикæ сын дæтты

Ныхасы бар нывгæнджытæн:

Нывгæнджытæ сæ хæс куыд сæххæст кодтой,уымæ байхъусын:

Æвдисынц, сæхæдæг цы сурæттæ скодтой нывты, уыдон.

Иннæ  къордты  архайджытæ  хъуамæ  базоной , персонажтæй  кæцытæ сты, уый.(фæйнæгыл сывæллæтты нывты нывты равдыст)

Нывгæнджытæ нытæй фæрсынц.

Ныхасы бар актёртæн:

Скъуыддзаг пьесæйæ.

Чи сты  ацы архайджытæ?

(Мча,Мызылон,пъырыстыф,Умархан,Къомиан)

Релаксаци

Музыканттæ . Кафт "Симд"

Хæс се 'ппæт къордтæн дæр

Ахæццæ кæнын æмбисæндтæ кæронмæ райуæрст сыфтыл

1.Рухс цы талынг къуымтæм не 'ххæссы,….

2.Рæдыдыл басæттынæн дæр …

3. Æрхъуыдыйы бын –…

4. Хæссинагæн-йæ рог,  

5. Тых зондæн-…

6. Зонд кæм и,…

 Алы æмбисондыл дæр хицæнæй æрдзурын.

Иртасджытæн ныхасы бар. Раст сæ ныффыстой, уый сбæрæг кæнын

1.Рухс цы талынг къуымтæм не 'ххæссы,

уырдæм дæр ныккæсы зонд.

2.Рæдыдыл басæттынæн дæр хъару хъæуы.

3. Æрхъуыдыйы бын –сой.

4. Хæссинагæн-йæ рог,зондæн-йæ уæззау.

5. Тых зондæн-лæгъстæйаг.

6. Зонд кæм и,æрхъуыды дæр уым и.

Кæцы æмбисонд у цымæ  адонæй нæ абоны урочы темæ?

Зонд кæм и, æрхъуыды дæр уым и

Ныхасы бар историктæн:

Пьесæйы историон равзæрд.

Пьесæ фыст æрцыд 1905 азы,  мыхуыры  фæзынд  фыццаг  ирон  аивадон журнал "Зонд"-ы  фыццаг  номыры  1907 азы. "Гæды  лæг, кæнæ  Нæ пъырыстыф  сæрра"  йæ жанрмæ гæсгæ у скетч- чысыл , худæг ныв. Амад у ирон адæмон  хъæлдзæг  ныхасы (анекдоты ) бындурыл.

Расыггæнаг , фæлæ цыргъзонд æмæ хин лæг Умархан ссардта æхцатæ. Зоны, йæ ус æдылыдзæф æмæ дзæгъæлдзых кæй ,уый.  Æхцатæ ссардта, уый  куы  зæгъа  йæ  усæн,  уæд  ыл комдзог  рацæудзæн  уайтагъд. Уый барæй  æнгуырыл  тæрхъус  бакодта, къæппæджы  та  кæсаг   нывæрдта  æмæ  йе  'фсинмæ  дзуры: …

Пьесæйы аив каст рольтæм гæсгæ, раст интонациимæ, раст æвæрын цавд…

 Уацмыс кæсгæйæ ,скъоладзаутæ иртасынц архайджыты  ахастдзинæдтæ кæрæдзимæ, пьесæйы сюжет хи ныхæстæй дзурынц.

Рефлекси

1. Нæ урочы  нæ размæ цавæр нысантæ æвæрд уыди?

2. Куыд уæм кæсы, сæххæст сæ кодтам?

3. Цавæр хъуыдытæ уæм æвзæры?

4. Цы уыдис цымыдисагæй урочы?

5. Алы урок дæр ахæм хъæлдзæг хъуамæ уа æви нæ?

6. Цы райстат уæхицæн ногæй?

Хъæууон хицæутты ницæйагдзинад (тæлмац,Мычъа,Къомиан ,Мызылон)

IV. Æрмæг бафидар кæнын.

1.Цы базыдтам ногæй нæ урочы?

2.Уæ зæрдæмæ фæцыд   æви нæ?

3. Цæмæй хицæн кодта нæ урок иннæ уроктæй?

4.Пьесæйы архайджытæй уæ зæрдæмæ чи фæцыд?

5. Характеристикæтæ  раттын  персонажтæн.

7. Чи у се 'ппæтæй зондджындæр ацы пьесæйы архайджытæй?

Хатдзæгтæ .

Ахуыргæнæг:

Нæ абоны урокæн хатдзæг скæндзыстæм цыбыр тесты хуызы.

1.Умархан сайы йæ усы.

2.Мызылон æмæ Къомианы ныхас.

3.Пъырыстыф дæр у худæг( нымайы йæхи зондджыныл, афтæмæй та у æдылы).

4.Персонажты æвзаг у конд æлгъыстытæй. Мах худæм ницæйаг адæймæгты гуымиры ныхæстыл.

5.Пъырыстыф уырыссаг æвзагыл дзуры + ирон персонажты реакци+ тæлмацгæнæджы амцæф-уымцæф ныхæстæ.

6.Худæг у иумæйаг уавæр дæр,худæг сты пьесæйæн йæ архайджытæ, стæй се  'взаг æмæ сæ митæ дæр.

Ахуыргæнæг:

-Нæ абоны урочы темæ цавæр уыд?

-Зонд кæм и, æрхъуыды дæр уым и.

-Уæхицæн дзы хорзæй цы райстат?

 -Зонд кæддæриддæр фæуæлахиз вæййы .

"Нарты кадджытæй"  сывæллæттæ дæнцæгтæ хæссынц

(Сослан æмæ Тары фырттæ)

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

Хæдзармæ куыст.

 1.Бацæттæ кæнын раныхæстæ комедион уацмысты тыххæй.

2.Чи ма фыста комедитæ?

3.Текстмæ чысыл пълан аразын.

4.Аив кæсын пьесæ рольтæм гæсгæ æмæ хи ныхæстæй дзурын текст.

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал ""Зонд кæм и,æрхъуыды дæр уым и"."

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 3 месяца

Менеджер бизнес-процессов

Получите профессию

Технолог-калькулятор общественного питания

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Краткое описание документа:

Темæ:Зонд кæм и,æрхъуыды дæр уым и.

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 626 191 материал в базе

Скачать материал

Другие материалы

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 06.01.2015 362
    • DOCX 32.4 кбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Кулова Бэлла Батыровна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Кулова Бэлла Батыровна
    Кулова Бэлла Батыровна
    • На сайте: 8 лет и 8 месяцев
    • Подписчики: 0
    • Всего просмотров: 2981
    • Всего материалов: 8

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Бухгалтер

Бухгалтер

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс профессиональной переподготовки

Организация деятельности библиотекаря в профессиональном образовании

Библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3950 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 281 человек из 66 регионов

Курс профессиональной переподготовки

Руководство электронной службой архивов, библиотек и информационно-библиотечных центров

Начальник отдела (заведующий отделом) архива

600 ч.

9840 руб. 5900 руб.
Подать заявку О курсе

Курс профессиональной переподготовки

Библиотечно-библиографические и информационные знания в педагогическом процессе

Педагог-библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3950 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 457 человек из 66 регионов

Мини-курс

Эффективная самопрезентация

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 42 человека из 28 регионов

Мини-курс

Основы творческой фотографии

6 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 72 человека из 31 региона

Мини-курс

Медико-педагогические аспекты обучения и тренировки

2 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе