ПРОГРАММÆ
3-аг къласы фæсурокты ныхасы рæзтыл куыстæн
(къуыри 1 сахат, афæдзы дæргъы 36 сахаты).
Сидахъаты Анжелæ
Беслæны 1-æм скъолайы
ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг
Æмбарынгæнæн фыстæг
Ног ахуырадон стандарты домæнтæм гæсгæ æртыккаг
ахуыры аз куыст дарддæрддæр цæуы ахуырты мидис цымыдисагдæр æмæ вазыгджындæр
кæныныл, æххæстгонд цæуынц сывæллæтты алывæрсыг рæзты нысантæ.
Æртыккаг къласы ахуырдзаутæ хъуамæ зоной æмæ
арæхсой:
·
Ирон адæмы историон
рагфыдæлты зонын.
·
Адæмон дзургæ сфæлдыстады
жанртæ зонын.
·
Адæмон зарджыты хуызтæ
зонын.
·
Афæдзы дæргъы ирон адæмон
бæрæгбонтæн сæ сæйрагдæртæ ранымайын, зонын сын сæ нысаниуæг æхсæнад æмæ
кæстæрты хъомылады.
·
Ирыстонæн æндæр адæмты
æхсæн ном æмæ кад чи скодта, уыцы адæмы нæмттæ зонын, се сгуыхтытæ сын радзурын;
·
Ирон адæмы алыгъд Туркмæ,
сæ хъысмæт, сæ сагъæс.
·
Ирыстон æмæ Уæрæсейы
æрдзон цыртдзæвæнтæ ранымайын. Сæ ахадындзинад, сæ хъахъхъæныны мадзæлттæ.
·
Ирон адæмы сгуыхт
фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Хъæбатырты нæмттæ ранымайын.
№
|
нымæц
|
сах
|
Урочы темæ
|
Равзаринаг фæрстытæ
|
Уæлæмхасæн æрмæг
|
1.
2.
3.
4
5.
6
7.
|
|
4
5
5
4
4
4
4
4
2
|
Ирон адæмы рагисторийыл
афæлгæст. Скифтæ. Сæрмæттæ. Алантæ.
Адæмон дзургæ сфæлдыстад:
- Нарты кадджытæ.
- Алæмæты аргъæуттæ.
- Адæмон зарджытæ. Фæллойы зарджытæ.
Ирон адæмы цардыуаг
æмæ фыдæлты æгъдæуттæ.
Фыдыбæстæ! Дæуæй
лæгæн зынаргъдæр, адджындæр
Нæ уыдис æмæ нæй!
Нæ алыварс æрдз.
Зон дæ хъæстæ!
Райгуырæн бæстæ
хъахъхъæнын.
Кæронбæттæн
урок-равдыст
|
Скифтæ, сæрмæттæ,
алантæ – ирон адæмы рагфыдæлтæ. Сæ цардыуаг, се ’гъдæуттæ.
Нарты кадджытæ
фыццаг æмбырдгæнджытæ, сæ иртасджытæ. Æндæр адæмты мифтæ.
Алæмæты аргъæутты
æууæлтæ, сæ хицæндзинæдтæ.
Зарджыты
ахадындзинад адæмы царды.
Ирон адæмон
бæрæгбонтæ, сæ нысан æхсæныд æмæ кæстæрты хъомылады. (Зымæджы бæрæгбæттæ)
Ахуырдзау хъуамæ
зона, цы горæты (хъæуы) райгуырд, уый зонын; арæхса горæты (хъæуы) тыххæй
цымыдисаг хабæрттæ дзурын; йе ´мхъæуккаг зындгонд адæмы, горæты (хъæуы)
уынгты нæмттæ зонын.
Ирыстоны æрдзы
рæсугъдзинæдтыл æрдзурын. Æрдз хъахъхъæныны мадзæлттæ. Ирыстоны æрдзон
цыртдзæвæнтæ.
Алы ахуырдзау дæр
хъуамæ зона йæ мыггаджы равзæрды тыххæй фылдæр информаци,
Фыдыбæстæйы Стыр
хæсты темæйыл æрдзурын, базонгæ кæнын ахуырдзауты Ирыстоны хъæбатырты
нæмттимæ; Уæлахизы бон – æппæт Уæрæсейы адæмы цытджындæр бæрæгбон!
|
Геродот.
Мельпомена.
Презентацийы
проекттæй спайда кæнын. Чингуыты равдыст бацæттæ кæнын библиотекæйы
кусджытимæ темæмæ гæсгæ.
Инсценировкæтæ
аразын аргъæутты мотивтыл, декорацитæ аразын.
Театр «Саби»-йы
репертуаримæ базонгæ уæвын. Фембæлд театры актертимæ.
Сахуыр кæнын зарæг
ахуырдзауты æвзæрстмæ гæсгæ.
Презентацийы
проектыл бакусын. (Ис бацæттæ кæнæн Ногбоны равдыст)
Экскурситæ.
Библиотекæйы темæмæ
гæсгæ лекцимæ байхъусын
Презентацийы
проект.
Презентаций
проектыл бакусын.
Хистæр кълæсты
ахуырдзаутимæ фембæлд.
Историйы
ахуыргæнæгимæ фембæлд (урок-лекци);
бæстæзонæн музеймæ
экскурси; бинонты генеологон бæлас саразын;
Фембæлд куырыхон
хистæримæ, йæ мыггаджы тыххæй цымыдисаг хабæрттæ ахуырдзаутæн чи радзурдзæн.
Экскурси намысы бынæттæм,
хъæбатырты цыртдзæвæнтæм (ацы куыстæн ис традицион æгъдау раттын)
|
Программæйы мидис.
1-аг темæ: Ирон адæмы рагисторийыл афæлгæст. (4 сах.)
I.
Ирон
адæмы историон рагфыдæлтæ.
- Скифтæ. Сæрмæттæ. Алантæ.
- Сæ цард, сæ культурæ.
2-аг темæ: Адæмон дзургæ сфæлдыстад: (14 сах.)
I.
Нарты
кадджыты зындгонд кадæггæнджытæ.(Сланты Г.Мæргъиты И…)
- Нарты кадджыты иртасджытæ ( Миллер
В., Абайты В., Тугъанты М…)
- Кавказы адæмты Нарты кадджытæ.
- Дунейы адæмты мифтæ.
II.
Алæмæты
аргъæуттæ.
III.
Адæмон
зарджытæ. Фæллойы зарджытæ.
3- аг темæ: Ирон адæмы цардыуаг æмæ фыдæлты
æгъдæуттæ. (5 сах.)
I.
Ирон
адæмы цардыуаг æмæ æгъдæуттæ таурæгъты, кадджыты, аргъæутты.
- Ирон бæрæгбонтыл афæдзы циклтæм
гæсгæ( афæлгæст).
-Зымæджы бæрæгбонтæ.
4-æм темæ: Фыдыбæстæ! Дæуæй лæгæн зынаргъдæр, адджындæр
Нæ уыдис æмæ нæй! (5 сах.)
I.
Фыдыбæстæмæ уарзондзинады
темæ нæ фысджыты уацмысты.
II.
Дунейы бæстæты цы ирон
адæм цæры, уыдоны профессионалон куыст æмæ æхсæнадон архайд.
5-æм темæ: Нæ
алыварс æрдз. (5сах.)
I.
Ирыстоны
æрдзы рæсугъддзинæдтæ. Афæлгæст.
- Æрдз æмæ адæймаг.
- Ирыстон æмæ Уæрæсейы æрдзон
цыртдзæвæнтæ. Сæ хъахъхъæныны мадзæлттæ.
6-æм темæ: Зон дæ хъæстæ! (4 сах)
- Ирон мыггæгты равзæрд.
- Мыггæгты таурæгътæ.
7-æм темæ: Райгуырæн
бæстæ хъахъхъæнын (4 сах.)
I.
1941-1945
азты Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Историон цаутыл афæлгæст.
- Ирон адæмы сгуыхт
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты.
- Цыртдзæвæнтæ æмæ мемориалон
комплекстæ хъæбатырты кадæн.
Кæронбæттæн урок-равдыст.
Литературæ:
1
Айларты И. Ирон фарн.
Дзæуджыхъæу. 1996.
2
Газет «Рæстдзинад»-ы
номырты æрмæджытæ.
3
Геродот. История в девяти
книгах. Книга четвертая. //Мельпомена. Владикавказ. 1991.
4
Джыккайты Ш. Ирон
аргъæуттæ. Дзæуджыхъæу.1983.
5
Дынник В.А. Сказания о
нартах – эпос народов Кавказа. М.1972.
6
Журнал «Ногдзауы» номыртæ.
7
История Северной Осетии.
Владикавказ. 2004.
8
Калоев Б.А. Осетины. М.
1971.
9
Уалыты Т. Уæлæмхасæн æрмæг
ирон литературон кæсынады æмæ литературæйы уроктæм. 1-аг хай. Дзæуджыхъæу.
2010.
10
Цаллаев Х.К. Традиции и
обычаи осетин. Владикавказ. 1996.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.