ПРОГРАММÆ
|
1-æм къласы фæсурокты ныхасы
рæзтыл куыстæн
|
Сидахъаты Анжелæ Беслæны 1-æм
скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг
|
Æмбарынгæнæн фыстæг
Ирон æвзаг у нæ республикæйы паддзахадон æвзаг, ирæтты мадæлон æвзаг, у
филологон циклы иу хай æмæ рæзын кæны скъоладзауты коммуникативон культурæ.
Ног
стандартты домæнттæ сты, цæмæй Уæрæсейы цæрæг алы адæмæн дæр йæ 'взаджы кад се
'хсæн бæрзоддæр ист æрцæуа, цæхгæр фæхуыздæр уа йæ ахуыр кæныны фарста. Уый
та у бæрнон æмæ ахсджиаг.
Райдайæн скъолайы бындур æвæрд цæуы сывæллæтты алывæрсыг рæзтæн. Уыимæ,
абоны рæстæджы домæнтæ вазыгджы кæй сты, фæлæ ахадгæ, уымæ гæсгæ скъола æмæ
ахуыргæнæгыл æвæрд ис бæрнон хæстæ. Сывæллæтты кæсын, фыссын æмæ нымайын
сахуыр кæнынæй уæлдай ма хъæуы стыр хъомыладон куыст æххæст кæнын дæр. Сабийы
миддуне раргом кæнынæн, бындурон зонындзинæдтæ сын раттынæн стыр æххуыс у
мадæлон æвзаг. Мадæлон æвзаг уæрæх кæны сабийы дунеæмбарынад, хъомыл æй кæны
ирон адæмы хуыздæр традицитæ æмæ æгъдæуттыл. Уыдонæй сæйрагдæртæ сты: хистæрæн
кад æмæ æгъдау дæттын, уазæг æмæ фысымы æгъдау, æмгуыстад æмæ æмбалдзинад,
райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, Ирыстоны æрдз зонын æмæ хъахъхъæнын.
Программæ арæзт у ног стандартты домæнтæм гæсгæ æмæ йæ размæ æвæры ахæм нысан
æмæ хæстæ:
1. Ирон æвзаг ахуыр кæнынмæ тырнындзинад рæзын кæнын.
2. Ныхасы рæзтыл кусын.
3. Ахуырдзауты иронау хъуыды кæныныл ахуыр кæнын.
4. Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад рæзын кæнын.
5. Ирон æгъдæутты бындурыл адæймаджы хуыздæр миниуджытыл
хъомыл кæнын.
Ацы
Программæйы ис тематикон пълан. Тематикон пълан арæзт у программæйы домæнтæм
гæсгæ æмæ æнгом баст у ахуыры фарстатимæ. Урокты æрмæг уæрæхдæр æмæ парахатдæр
кæны ахуыргæнæджы авналæнтæ. Уыимæ гæнæн ис, æмæ ахуыргæнæг бахæсса ивддзинæдтæ
йæхмæ гæсгæ. Æдæппæтæй ацы уроктæн къуыри лæвæрд цæуы 33 сахаты (къуыри 1
сахат).
Программæйы ма ис 1-æм кълас фæугæйæ ахуырдзаутæ цы арæхстдзинæдтæ хъуамæ
райсой, уый номхыгъд æмæ литературæ.
Тематикон
пълан
№
|
нымæц
|
сах.
|
Урочы
темæ
|
Равзаринаг
фæрстытæ
|
Уæлæмхасæн
æрмæг
|
1
2
3
4
5
6
7
8
|
|
3
2
4
3
4
3
5
10
|
Адæмон дзургæ сфæлдыстад
Нарты кадджытæ.
Аргъæуттæ.
Ирон адæмон хъæзтытæ.
Ирон цардыуаг æмæ æгъдæуттæ.
Ирыстоны номдзыд адæм.
Ирыстон – мæ Райгуырæн бæстæ.
Ирыстоны æрдз.
- Ирыстоны хæхтæ.
- Ирыстоны кæмттæ.
- Нæ цæугæдæттæ.
- Нæ хъæутæ.
- Дидинджытæ.
- Гагадыргътæ.
- Бæлæстæ.
- Мæргътæ.
- Цæрæгойтæ.
|
Ахуырдзауты базонгæ кæнын
адæмон дзургæ сфæлдыстады хуызтимæ. Адæмон сфæлдыстады ахадындзинад.
(аргъæуттæ, кадджытæ, тагъддзуринæгтæ, базон-базонтæ)
Кадджыты сæйраг архайджытæ. Сæ
хуыздæр миниуджытæ.
Цардыуаджы, алæмæты æмæ
цæрæгойты аргъæуттæ.
Фæрстытæм гæсгæ дзуаппытæ
дæттын.
Адæмон хъæзтытæ. Сæ
ахадындзинад сывæллæтты хъомылады.
Бинонты хистæр. Кæстæры бынат
бинонты æхсæн, йæ сæйраг хæстæ.
Ирыстоны номдзыд адæмы
сгуыхтдзинæдтимæ зонгæ кæнын.
Базонгæ кæнын ахуырдзауты
Ирыстоны символикæимæ. Ирыстоны сæйраг горæт зонын. Зонын чи цы горæты
(хъæуы)райгуырд æмæ цæры, уый дзурын.
Ахуырдзауты зонгæ кæнын
Ирыстоны хæхты, кæмтты, цæугæдæтты , хъæуты нæмттимæ. Зонын афæдзы афонты,
мæйты, къуырийы нæмттæ дзурын.
Зонын зайæгойты,цæрæгойты,
мæргъты нæмттæ иронау дзурын.
|
Тагъддзуринæгтæ дзурын сахуыр
кæнын.
Тугъанты М. «Нарты куывд»
(нывты равдыст)
Бакæсын аргъæуттæ ахуыргæнæджы
равзæрстмæ гæсгæ.
Аргъæуттæм нывтæ скæнын.
Практикон куыст: пластилинæй саразын аргъауы персонажтæй иуы.
Сахуыр кæнын иу-цалдæр хъазты.
Ерыстæ саразын.
«Кæстæры рæдыд» таурæгъ.
«Æртæ чъирийы»
«Чермен æмæ æлдар»,
«Мысты æвæрæн»
Презентацийы проект.
Бакæсын Ирыстоны хъæуты тыххæй
радзырдтæ.
Презентацийы проект «Хъæутæ
æмæ цæрæнтæ».
Практикон куыст: саразын хуызджын гæххæтæй
Ирыстоны тырысайы макет.
Презентацийы проект,
кроссвордтæ, темæмæ гæсгæ фысджыты æмæ поэты уацмыстæ ахуыр кæнын.
Нывты равдыст.
|
№
|
Модулы
сæргонд
|
Сахæтты нымæц
|
Аудиторон
ахуырты сахæтты нымæц
|
Æнæаудитоон
ахуырты сахæтты нымæц
|
1
|
Адæмон дзургæ сфæлдыстад
|
3
|
2
|
1
|
2
|
Нарты кадджытæ.
|
2
|
2
|
0
|
3
|
Аргъæуттæ.
|
4
|
4
|
0
|
4
|
Ирон адæмы хъæзтытæ.
|
3
|
2
|
1
|
5
|
Ирон цардыуаг æмæ æгъдæуттæ.
|
4
|
4
|
0
|
6
|
Ирыстоны номдзыд
адæм
|
3
|
2
|
1
|
7
|
Ирыстон – мæ Райгуырæн бæстæ.
|
5
|
3
|
2
|
8
|
Ирыстоны æрдз.
- Ирыстоны хæхтæ.
- Ирыстоны кæмттæ.
- Нæ цæугæдæттæ.
- Нæ хъæутæ.
- Дидинджытæ.
- Гагадыргътæ.
- Бæлæстæ.
- Мæргътæ.
- Цæрæгойтæ.
|
10
|
6
|
4
|
Программæйы мидис:
1-аг темæ: Адæмон дзургæ сфæлдыстад. ( 3 сах.)
1.
Адæмон
дзургæ сфæлдыстады хуызтæ.
2.
Фольклоры
ахадындзинад адæмы царды.
2-аг темæ: Нарты кадджытæ. ( 2 сах.)
1.
Нарты
кадджыты сæйраг хъайтартæ.
2.
Нарты
адæмы хуыздæр миниуджытæ.
3.
Батрадз
æмæ Сосланы фæлгонцтæ.
3-аг темæ: Аргъæуттæ. ( 4 сах.)
1.
Аргъæутты
хуызтæ.
2.
Цардыуаджы,
алæмæты æмæ цæрæгойты аргъæуттæ.
3.
Æрхъуыды
æмæ æцæгдзинад аргъауы.
4-æм темæ: Ирон адæмы хъæзтытæ. ( 3 сах.)
1.
Ирон
адæмон хъæзтытæ (афæлгæст).
2.
Сывæллæтты
хъæзтытæ. (Чызджыты хъæзтытæ. Лæппуты хъæзтытæ.)
3.
Хъæзтыты
ахадындзинад сабиты хъомылады.
5-æм темæ: Ирон цардыуаг æмæ æгъдæуттæ. ( 4 сах.)
1.
Ирон
цардыуаг æмæ æгъдæуттæ (афæлгæст).
2.
Адæмон
æгъдæуттæ бинонты царды.
3. Кæстæр бинонты 'хсæн. Бинонтæ æмæ æхсæнад
6-æм темæ: Ирыстоны номдзыд адæм. ( 3 сах.)
1.
Ирон адæмы
уарзон хъæбултæ.(Чермен, Бола, Къоста, Кучиты Юрий, )
2.
Нарты
кадджыты сгуыхт хъайтары фæлгонц (Батрадз).
3.
Ирон
фысджыты уацмыстыл афæлгæст (Дзаттиаты Тотырбег «Къостайы сабийы бонтæ»,
7-æм темæ: Ирыстон – мæ Райгуырæн бæстæ. ( 5 сах.)
1.
Ирыстоны
симоликæ. Герб. Гимн.Тырыса.
2.
Нæ горæты
герб.
3.
Ирыстоны
сæйраг горæт. Ирыстоны горæттæ.
8-æм темæ: Ирыстоны æрдз. ( 10 сах.)
1.
Ирыстон —
аргъæутты бæстæ.
2.
Адæймаг æмæ
æрдз.
3.
Ирыстоны
хæхтæ.
4.
Ирыстоны
кæмттæ.
5.
Нæ цæугæдæттæ.
6.
Нæ хъæутæ.
7.
Дидинджытæ.
8.
Гагадыргътæ.
9.
Бæлæстæ.
10. Мæргътæ.
11. Цæрæгойтæ.
9-æм темæ: Скъоладзауы равзæрст темæмæ гæсгæ презентацийы проект.
Литературæ ахуыргæнæг æмæ
скъоладзаутæн:
Джыккайты Ш. Нарты кадджытæ 1-5 т. Дзæуджыхъæу, 2004-2010.
Уарзиаты В.С. Народные игры и развлечения осетин.
Орджоникидзе, 1987.
Æлдаттаты В. Нæ алыварс
дуне.
Цаллаев Х.К. Традиции и обычаи осетин.
Владикавказ, 1996.
Калоев Б.А. Осетины. М. 1971.
Уалыты Т. Уæлæмхасæн æрмæг ирон
литературон кæсынады æмæ литературæйы уроктæм. Дзæуджыхъæу. 2010.
Газет «Рæстдзинад»-ы
номыртæ.
Фыццаг къласы ахуыры кæронмæ ахуырдзаутæ
хъуамæ зоной æмæ арæхсой:
- Адæмон дзургæ сфæлдыстады хуызтæ
кæрæдзийæ хицæн кæнын;
- Нарты кадджыты сæйраг хъайтарты сæ
хуыздæр миниуджытæм гæсгæ иртасын;
- Аргъæутты хуызтæ.Аргъæуттæ радзурын.
- Ирон адæмон хъæзтытæ ранымайын æмæ сæ
куыд хъазгæ у, уый равдисын..
- Бинонты
царды æгъдæуттæ . Кæстæры бынат бинонты 'хсæн.
- Ирон
адæмы номдзыд адæмты нæмттæ зонын, се сгуыхтдзинæдтæ сын радзурын.
- Ирыстоны
симоликæ. Герб. Гимн. Тырыса. Ирыстоны сæйраг горæт. Иннæ горæтты нæмттæ зонын.
Ирыстоны
стырдæр хъæуты нæмттæ зонын.
- Ирыстоны æрдзы
тыххæй хуымæтæг зонындзинæдтæ. Кæмтты, хæхты, цæугæдæтты нæмттæ зонын.
Зайæгойты нæмттæ зонын(рацыд æрмæгмæ гæсгæ).
-
Хъуыстгонддæр таурæгътæ радзурын.
363000
РСО-Алания г. Беслан ул. Коминтерна, 130
Тел. +7
(867 37) 3 69 59
2011 г.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.