- 02.10.2020
- 305
- 2
Рабочие листы
к вашим урокам
Скачать
Темæ:Миногон фæлхат кæнын.(Слайд)
Урочы нысан: ахуыргæнинæгтæ миногонтæй цы зонындзинæдтæ райстой,уыдон зæрдыл æрлæууын кæнын,æмæ сæ бафидар кæнын алыхуызон куыстыты фæрцы;
ахуыр кæнын скъоладзауты миногоны хъæздыг лексикæйæ пайда кæныныл;
ныхасы рæзтыл куыст;
рæзын кæнын мадæлон æвзагмæ уарзондзинад æмæ цымыдисдзинад.Аргъ кæнын æрдзы рæсугъддзинадæн..
Урочыфæлгонц,цæстуынгæ æрмæг: проектор,диск æрдзынывтимæ,халсартынывтæ,тестытæ рацыд æрмæгыл,фæйнæгылфыстхæслæвæрдтæ.
Урочы цыд.
1. Организацион хай( диск æрдзы нывтимæ.)
-Уæ бон хорз сывæллæттæ!
- Æгас нæм цæут нæ зынаргъ уазджытæ!
Фæйнæгыл фыст: Ацы рухс дуне у рæсугъд!
-Сывæллæттæ цыдæр æнкъард мæм кæсут.Кæрæдзимæ-ма бахудæм.
Мах скъолайы стæм
Æмæ ууыл хъуамæ цин кæнæм
Нæ лæмбынæгдзинад рæзы
Нæ зонындзинæдтæ фидарæй фидардæр кæнынц
Мах цæттæ стæм кусынмæ.(Сывæллæттæ рæнхъгай дзурынц.)
- Уæдæ райдайæм кусын кæд цæттæ стæм уæд.
-Нæ абоны темæ у миногон, Рацыд æрмæгыл бакусын.Миногонтæй цы зонындзинæдтæ райстам уыдон зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ сæ бафидар кæнын алыхуызон куыстыты хуызы.
2. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
-Фыццаджыдæр-ма сбæрæг кæнæм нæ хæдзармæ куыст.
-Хæдзармæ лæвæрд уын уыдис,цы ныхасы хæйттæ рацыдыстæм уыдон зæрдыл æрлæууын кæнын.
-Уæ зонындзинæдтæ уын сбæрæг кæндзынæн тестыты руаджы.(Сывæллæттæн лæвæрд цæуы тестытæ.)
Рацыд æрмæгыл бакусын.
1) Фæбæрæг кæнын миногонтæ.
æфснайы
рæсугъд
стъол
тымбыл
морæ
2) Номдарты нымæц фæнысан кæн.
Иу.н.
Бир.н
зæрдæты
дадайы
къонамæ
гæдытæй
нанаты
дымгæйæн
3) Цухгонд мыртæ фæнысан кæн.
а
æ
бæл.стæ
къ.лиутæ
х..хтæ
н..утæ
къ.хтæ
к.рдтæ
бир.гътæ
4) Ставддæрæйфыстминогонæнфæбæрæгкæн,
йæ хъуыдымæ гæсгæ йæм ныхмæвæрд чи у,уыцы миногон.
хорз
дзæбæх
æвзæр
фыдуаг
5) Мивдисджытæ цы кæрæттæ домынц уыдон фæнысан кæн.
тон
тæн
аскъуыд.
кас.
агуырд.
уасыд.
æвдыс.
хорд.
уарз.
æрзылд.
хыз.
3. Урочы сæйраг темæ.(Слайд)
-Дарддæр рахизæм нæ сæйрагдæр куыстытæм.
-Раст ма абадут æмæ мын зæгъут цал ныхасы хайы ис ирон æвзаджы(11)
(Фæйнæгыл таблица.)
-Цал ныхасы хаимæ базонгæ стæм мах? (4номдар,миногон,мивдисæг,номивæг.)
-Цавæр ныхасы хæйттæм хауынц?(Сæрмагонд.)
Ныхасы хæйттæ
Сæрмагонд
Æххуысгæнæг
Номдар
Мивдисæг
Миногон
Нымæцон
Номивæг
Фæрсдзырд
Разæвæрд
Фæсæвæрд
Бæттæг
Хайыгтæ
Æвастхъæр
- Лæмбынæгмамæмбайхъусут æмæ мынзæгъутцавæрныхасыхайыкойкæнын æз?
1. Дунейыл мæнæй фылдæр нæй,
Цæрын æмбæлттимæ æнгом,
Ныхасы хæйттæн дæн сæ сæр,
Хæссын æз предметæн йæ ном.
(номдар)
- Цы хонæм номдар?
- Уырыссагау та цы у номдар?
2. Дæн сæрыстыр æз мæхицæй,
Ном, æууæл æмæ нымæц,æвдисын
Цæрын сымахимæ æмхицæй,
Æппын нæ зонын æз фæлмæц.
(НОМИВÆГ)
- Цы у хонæм номивæг?
-Уырыссагау номивæг куыд хонæм?
3 .Æрхайд æмæ ми æвдисын,
Мæнæн у æлкæддæр мæ хæс,
Номдартæм мæхи фæисын,
Дæн сын алкæд коммæгæс.
(МИВДИСÆГ)
-Цы хонæм мивдисæг?
-Уырыссагау мивдисæг куыд хуыйны?
4. Йе ууæл номдарæн æвдисын,
Уый цæмæй зына æргом,
Бирæ хæстæ химæ исын,
Æлкæддæр дæн семæ баст.
(МИНОГОН)
-Уæдæ абонмахнæ урочыбæлвырдæрнæ зæрдыл æрлæууынкæндзыстæмминогонтытыххæйцызонындзинæдтæ райстамуыдон.
-Цы у миногон?
-Цы æвдисы миногон?
-Уырыссагау цы хонæм миногон?
4. Тетрæдты куыст.
Æвдæм февраль.
Сабат.
Къласы куыст.
ХЪ хъ
хъæлдзæг
Хъæбæр галæн хъæбæр хъæдæй хъæбæр къæлæт.(Тагъддзуринаг.)
-Цавæр дзырд ныл æмбæлы арæхдæр?
-Цавæр фарст æм дæттæм? Цы æвдисы предметæн?(Миниуæг)
Дзырдуат: (нывтæ фæйнæгылиннæрдæмзылдæй)
Цывзы,цæхæра,къабуска,пъæмидор,уырыдзы.
1) Сбадт налаты ном мæныл,
Иууыл дæн сырх-сырхид,
Цъус мыл андзæвыд дæ был
Акæлдзæн дæ сур хид. (Цывзы.)
2) Хъæрмхуыппæн,цæхджынæн
Цæхæра у хорз.
Кæны нæ тыхджындæр,
У нæ царды хос.
3) Фиу-тыхтонау ыстымбыл,
Йæ сыфтæ-къуылф,къабузгай.
Хорз у цæхджынæй
Кæрдзынимæ къабуска.
4) Фæскъул,халсардоны
Пъæмидортæ 'рзад.
Дада мын дзы ртоны
Сырхытæ хæрзад.
5) Рæсугъд чызг бады талынджы
Йæ дзыкку та-уынджы.(Уырыдзы.)
-Ацы нывтæ иу номæй куыд схонæн ис?(халсартæ.)
-Алы халсарæн дæр ма ныффыссут фæйнæ миниуæджы.
-Цавæр фæрстытæн дзуапп дæттынц ацы дзырдтæ?
-Иу дзырдбастимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйад. Уæ тетрæдты йæ
ныффыссут,æмæ йæ равзарæм хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.(Сæйрат æмæ зæгъинаг.)
Нана цæхæрадонæй æрбахаста сырх пъамидортæ.
-Цавæр ныхасы хаимæ баст у миногон?
-Ацы хъуыдыйады миногон цы æвдисы?
5. -Байхъусут ма мæм лæмбынæг æмæ мын зæгъут ацы хъуыд-тæ кæцæй ист сты?
Уыцы бæласыл задис сыгъзæрин фæткъуы.
Дзерассæ рæсугъд мусонгмæ бахызт.
Араст ис Сослан бæрзонд хохы сæрмæ.
-Ацы хъуыдыйæдты ма ссарут миногонтæ æмæ зæгъут
цы æвдисынц?(Сыгъзæрин,рæсугъд,бæрзонд.)
-Ныр та ма хъуыдыйæдтæ бакæсæм æнæ миногонтæй.
-Зæгъут-ма мын аивдæр, æххæстдæр кæцы хъуыдыйæдтæ сты ?
-Уæдæ миногон ныхасы мидæг цы пайда хæссы? (Рæсугъддæр æмæ нын
хъæздыгдæр кæны нæ ныхас.)
6.ФÆЙНÆГЫЛНЫВТÆ.(Слайд)
- Æрбакæсут-мафæйнæгмæ, цавæрнывтæ дзыуынæм?
- Алы дзырд дæр ма дзы баххæст кæнæм йæ миниуджытæй.
(Формæ,ас,ад,хъæд,хуыз)
арс
мæнæргъы
харбыз
-Ацы дзырдтæй уæлдай цавæр дзырд у? Цæмæн?
- Цы пайда хæссы мæнæргъы адæймагæн?
-Арæхдæр ацы номдарты кой цавæр урочы фæкæнут?(æрдззоныны урочы)
7. ФИЗМИНУТКÆ.
1). - Раст-ма æрлæуут уе’стъæлтты раз.
- Æз уын цы дзурон уый мын сымах æвдисут.
Æз дæн тынг бæрзонд,
рæсугъд,гыццыл, нард,
тыхджын,мæллæг.
2) Чыргъæды халсартæ, дыргътæ. (Картоф, булкъ, хъæдындз, кæрдо.)
Радыгай сæ сывæллæттæ исынц æмæ сын сæ миниуджытæ дзурынц,
цæмæй иннæ сыввæллæттæ дæрминиуджытæм гæсгæ базоной цæй кой дзы цæуы, уый.
(Иннæтæн сæ цæстытæ æхгæд, афтæмæй.)
8. Текстимæ куыст.(Слайд.)
Фæйнæгыл фыст текст.
Ахуыргæнæджы каст.
-Бакæсут-ма текст уæхинымæр.
-Иумæ хъæрæй.
-Ссарут ма дзы миногонтæ æмæ сæ рафыссут уæ тетрæдтæм.
-Бакæсут-ма цы дзырдтæ ныффыстат, уыдон. Цы нысан кæнынц ацы миногонтæ?
Лыстæг сæлфынæг кæны. Кæуы фæззыгон арв. Ставд цæссыгтæ калы зæронд бæлас .Æргъæвст мигътæ зæххыл нытътъæпæн сты. Уазал дымгæ сыстад. Бæлæсты сыфтæ уымæл зæххыл ныххæцыдысты. Æрдз æрæнкъард.
9. -Тетрæдты æххæст кæнæм 152-æм фæлтæрæн. (3 хъуыд.)
-Ставддæрæй фыст дзырдтæн ма зæгъæм сæ ныхмæвæрд миногонтæ.
Бæрзонд- ныллæг
Тымбыл-дæргъæццон
Урс-сау
10. - Ныртæккæ цæй кой кæндзыстæм уый та хъуамæ
базонат уæхæдæг.(Слайд : афæдзы афонты нывтæ ).
Цыппар гауызы
Къухджынтæ уафынц
Кæрæдзи фæдыл сæ æвæрынц зæххыл.
Урс,цъæх,хъулон æмæ бур.
(Зымæг,уалдзæг,сæрд,фæззæг.)
Æрбакæсут-ма нывмæ цавæр миниуджытæ ис алы афæдзы афонæн дæр?
11. - Байхъусут-ма мæм цæй кой кæнын æз.(Слайд.)
Ныв фæйнæгыл.
Уæлæ та фæзынди дард
Дун-дунеты арфы
Авд хуызы тæлмæй фæсуард
Арвæрдын цъæх арвыл.
-Цæй кой цæуы ацы цыппаррæнхъоны?(Арвæрдыны.)
-Кæд фæзыны арвæрдын.(Сæрды къæвдайы фæстæ.)
-Цал хуызы ис арвæрдынæн? (Авд.сырх,бурбын сырх,
бур,кæрдæгхуыз,æрвхуыз,цъæх,фиалетон кæнæ копрадзхуыз.)
-Цавæр миниуæг æвдисынц ацы дзырдтæ арвæрдынæн.(Йæ хуыз.)
12. Тырыса.(Слайд.)
-Кæд хуызты кой райдыдтам, уæд ма уæ цæстытыл ауайын кæнут Уæрæсейы тырысайы хуызтæ (урс, цъæх,сырх). Ирыстоны тырысайы та? (урс,сырх,бур.)
13. - Нæ урок та цавæр ныхæстæй райдыдтам.(Диск æрдзы нывтимæ.)
Ацы рухс дуне у рæсугъд!
-Бауырныдта уæ рæсугъд у, уый?
-Æмæ ацы хъуыдыйады нæй миногон?(Рæсугъд, рухс)
14. Хатдзæгтæ.
-Цал ныхасы хайы ис ирон æвзаджы?
-Цал дзы зонæм мах?
-Бæлвырддæр кæцы ныхасы хайыл æрлæууыдыстæм?
-Цæмæн нæ хъæуы миногон нæ ныхасы мидæг?
-Цавæр урочы хай фæцыдис уæ зæрдæмæ тынгдæр? Цæмæн?
-Нæ урок кæронмæ æрхæццæ, бузныг уын, сывæллæттæ.
15.Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
16. Хæдзармæ куыст.
Афæдзы афонтæй иуы тыххæй ныффыссын чысыл сочинени.
6 665 122 материала в базе
Настоящий материал опубликован пользователем Кулова Бэлла Батыровна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт
Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.
Удалить материалВаша скидка на курсы
40%Курс профессиональной переподготовки
600 ч.
Курс повышения квалификации
72/180 ч.
Курс профессиональной переподготовки
300/600 ч.
Мини-курс
6 ч.
Мини-курс
2 ч.
Мини-курс
6 ч.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.