ПРОГРАММÆ
2-аг къласы фæсурокты ныхасы рæзтыл куыстæн
(къуыри 1 сахат, афæдзы дæргъы 34 сахаты).
Сидахъаты
Анжелæ
Беслæны
1-æм скъолайы
ирон
æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг
Æмбарынгæнæн фыстæг
Ног ахуырадон
стандарты домæнтæм гæсгæ дыккаг ахуыры аз куыст дарддæрддæр цæуы ахуырты мидис
хъæздыгдæр кæныныл. Фæсурокты куыстæн ис стыр ахадындзинад хъомыладон куысты. Ахуыргæнæг
йæ куысты сæйраг нысаныл нымайы сывæллæтты удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын
кæныныл ирон адæмы традициты. Ацы рæстæг алы сывæллонæн дæр ис фадат йæ
миниуджытæ раргом кæнынæн, йæ хъуыдыдты цы фæрстытæ æвзæры, уыдонæн
ахуыргæнæджы æххуысæй дзуаппытæ ссарын. Уыимæ рæзынц йæ ахастытæ æхсæнады, рæзы
йæ психо-эмоционалон уавæр, фидардæр кæны йæ ныфс, парахатдæр кæнынц йæ зонындзинæдты
авналæнтæ. Афтæмæй дыккаг къласы дарддæр æххæстгонд цæуынц сывæллæтты алывæрсыг
рæзты нысантæ.
Дыккаг къласы
ахуырдзаутæ хъуамæ зоной æмæ арæхсой:
·
аргъæуттæ
(таурæгътæ) радзурын;
·
ирон
адæмон зарджытæ иртасын æндæр жанртæй, зарджыты хъайтарты нæмттæ зонын, се
сгуыхтдзинæдæ зонын;
·
афæдзы
дæргъы ирон адæмон бæрæгбонтæн сæ сæйрагдæртæ ранымайын;
·
Ирыстоны
æрдзы темæйыл таурæгътæ, цымыдиссаг хабæрттæ радзурын зонын;
·
цы горæты
(хъæуы) цæры, уый тыххæй радзурын, цы зындгонд адæмтæ дзы рацыд, уыдоны нæмттæ
зонын;
·
ирон
адæмы рагзаманты царды хабæрттæ дзурын.
№
|
нымæц
|
сах
|
Урочы темæ
|
Равзаринаг фæрстытæ
|
Уæлæмхасæн æрмæг
|
1.
2.
3.
4.
5.
6.
7.
|
|
8
6
5
5
5
4
1
|
Адæмон дзургæ сфæлдыстад.
- Нарты кадджытæ.
- Аргъæуттæ.
- Адæмон зарджытæ
Ирон цардыуаг æмæ æгъдæуттæ.
Фыдыбæстæ! Дæуæй лæгæн зынаргъдæр, адджындæр
Нæ уыдис æмæ нæй!
Ирыстон – аргъæутты бæстæ!
Зон дæ хъæстæ!
Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын.
Музыкалон-литературон композици ахуыргæнæджы
фæндонмæ гæсгæ æвзæрст темæйыл.
|
Зонын иртасын адæймаджы хуыздæр миниуджытæ:
цыргъзонд,рæстдзинад, куыстуарзон, хæрзæгъдау; Нæртон лæджы æгъдау æмæ йæ
ахадындзинад абоны ирон æхсæнады царды.
Адæмон зарджыты сæйрагдæр нысан, кæуыл æмæ цæй фæдыл
арæзтой адæм зарджытæ (хъæбатырон зарджытæ, худинаджы зарджытæ,)
Ирон адæмон бæрæгбонтæ, сæ нысан кæстæрты хъомылады.
Ахуырдзау хъуамæ зона, цы горæты (хъæуы) райгуырд,
уый зонын; арæхса горæты (хъæуы) тыххæй цымыдисаг хабæрттæ дзурын; йе
´мхъæуккаг зындгонд адæмы, горæты (хъæуы) уынгты нæмттæ зонын.
Æрдзы диссæгтыл æрдзурын,Таурæгътæ æмæ æцæг хабæрттæ
æрдзон диссæгты тыххæй. Райгуырæн бæстæйы æрдзмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ
рæзын кæнын,
Ирон адæмы рагфыдæлты цард, сæ царды уавæртæ,
цæрæнтæ æмæ цæрæнбынæттæ, ирон мыггæгты равзæрд, мыггаджы равзæрд; мыггаджы
зындгонд адæмы тыххæй радзурын зонын.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæйыл æрдзурын, базонгæ
кæнын ахуырдзауты Ирыстоны хъæбатырты нæмттимæ; Уæлахизы бон – нæ адæмы
цытджындæр бæрæгбон!
|
Чысыл исценировкæтæ аразын аргъæуттæ (таурæгъты)
мотивтыл;
«Чермены зарæг»,
(ахуыргæнæджы фæндонмæ гæсгæ )
Ирон бæрæгбонты тыххæй кинонывтæм бакæсын,
Презентацийы проектыл бакусын.
Экскурсийы ацæуын горæты (хъæуы) уынгты,
цыртдзæвæнтæ, сквертæ, парктæм.
Библиотекæйы темæмæ гæсгæ лекцимæ байхъусын
Презентацийы проект.
Литературон æмæ аивадон уацмыстæ ахуыргæнæджы
равзæрстмæ гæсгæ.
Темæмæ гæсгæ нывты равдыст саразын.
Историйы ахуыргæнæгимæ фембæлд (урок-лекци);
бæстæзонæн музеймæ экскурси; бинонты генеологон
бæлас саразын;
Темæмæ гæсгæ презентацийы проект.
Экскурси намысы бынæттæм, хъæбатырты цыртдзæвæнтæм.
|
№
|
Модулы сæргонд
|
Сахæтты нымæц
|
Аудиторон ахуырты сахæтты нымæц
|
Æнæаудиторон ахуырты сахæтты нымæц
|
1.
2
3
4
5
6
7
|
Адæмон дзургæ
сфæлдыстад
Ирон цардыуаг æмæ
æгъдæуттæ.
Фыдыбæстæ! Дæуæй
лæгæн зынаргъдæр, адджындæр
Нæ уыдис æмæ нæй!
Ирыстон – аргъæутты
бæстæ!
Зон дæ хъæстæ!
Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын
Музыкалон-литературон композици ахуыргæнæджы
фæндонмæ гæсгæ æвзæрст темæйыл.
|
8
6
5
5
5
4
1
|
8
6
3
4
4
3
0
|
0
0
2
1
1
1
1
|
|
|
|
|
|
|
|
|
|
|
Программæйы мидис.
1-аг темæ: Адæмон дзургæ сфæлдыстад. (8 сах.)
1. Адæмон дзургæ сфæлдыстады
бындурыл ахуыр кæнын адæймаджы хуыздæр миниуджытыл.
2. Адæмон сфæлдыстады
ахадындзинад хъомылады.
2-аг темæ: Ирон
цардыуаг æмæ æгъдæуттæ. (6 сах.)
1. Ирон адæмы уарзондæр бæрæгбонтæ.
2. Æгъдау æмæ кад – ирон лæджы
царды нысантæ.
3- аг темæ: Фыдыбæстæ!
Дæуæй лæгæн зынаргъдæр, адджындæр
Нæ уыдис æмæ
нæй! (5 сах.)
1. Мæ уарзон горæт (хъæу).
2. Æз сæрыстыр дæн ме
´мхъæуккæгтæй.
4-æм темæ: Ирыстон
– аргъæутты бæстæ! (5 сах.)
1. Адæймаг – æрдзы хъæбул.
2. «Нана мын цы диссаджы таурæгъ
радзырдта!»
5-æм темæ: Зон
дæ хъæстæ! (5сах.)
1. Ирон адæмы рагфыдæлтæ –
скифтæ æмæ алантæ.
2. «Æз мæхи ирон лæг хонын»
6-æм темæ: Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын (4 сах.)
1. Зæххыл цы стырдæр хæст æрцыд,
уым ирон туг дæр ныккалд.
7 –æм темæ: Музыкалон-литературон композици
ахуыргæнæджы фæндонмæ гæсгæ æвзæрст темæйыл. (1 сах.)
Литературæ:
Цаллаев Х.К. Традиции и обычаи осетин. Владикавказ.
1996.
Уалыты Т. Уæлæмхасæн æрмæг ирон литературон кæсынады
æмæ литературæйы уроктæм. Дзæуджыхъæу. 2010.
Журнал «Ногдзауы» номыртæ.
Ирон аргъæуттæ. Джыккайты Ш. Дзæуджыхъæу.1983.
Дыккаг къласы ахуыры кæронмæ
ахуырдзаутæ хъуамæ зоной æмæ арæхсой:
·
Аргъау
(таурæгъ) радзурын;
·
Ирон
адæмон зарджытæ иртасын æндæр жанртæй;
·
Зонын
адæмон зарджыты хъайтарты нæмттæ, се сгуыхтдзинæдты тыххæй радзурын;
·
Ирыстоны
æрдзы тыххæй таурæгътæ зонын, зындгонддæр æрдзон цыртдзæвæнтæ зонын (памятники
природы)
·
Ирон
адæмы рагфыдæлты царды хабæрттæй æрмæг зонын,
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.