- 02.10.2020
- 302
- 0
Рабочие листы
к вашим урокам
Скачать
Урочы темæ:
Номдары нысаниуæг æмæ йæ грамматикон æууæлтæ. Фæлхатыныурок.
Ныхасытемæ:Нæ алыварсдуне – нæ хъахъхъæнинаг.
Урочынысан: 1.Ныффидаркæнынномдарæйрацыд æрмæг
2.Сбæрæгкæнынскъоладзаутызонындзинæдтææмæсæарæхстдзинадрацыдæрмæгæйпайдакæнгæйæ ; аразынрастдзуæппытæпайдакæнынкуыдхуымæтæгæмæвазыгджынхъуыдыйæдтæй
3. Скъоладзаутыахуыркæнынбæрнонцæстæй æрдзмæ кæсын, æрдзхъахъхъæнын;
Урочыцыд:
I.Ахуыргæнæджы разныхас.
Ахуыргæнæг: Абоны урок, чи зоны, иннæуроктæйчысылхицæнкæндзæн, цæмæй, уыйуæхæдæгфæстæдæрбанкъардзыстут. Нæурочытемæ у "Номдары нысаниуæг æмæ йæ грамматикон æууæлтæ". Абон мах сфæлхаткæндзыстæмномдарæйцырацыдыстæм, уыцыæрмæг. Уыимæманомдарылдзургæйæ мах ныхаскæндзыстæмнæалыварсцырæсугъддунеуынæм, ууыл, нæцæрæгойтыл, бæлвырддæр таæрлæудзыстæмиурæсугъдсырдыл -стайыл.
Бакæсут-ма мæнæ ацы нывтæм. Цавæр миниуджытæ
йæм бафиппайдтат сымах, нывтæм кæсгæйæ? Цавæр у ацы цæрæгой? Ахъуыды кæнут, никуы фембæлæм стайыл Ирыстоны цæргæйæ?(Гербыл)
Ирыстоны гербыл цы цæрæгой ис, уый нысан кæныны хъару, тых, фæлæ сæйрагдæр та – сæрыстырдзинад.
II.Текстыл бакуыст
1.Æз уын бакæсдзынæн текст митын стайы тыххæй: фæйнæгыл ис, стæй уæ разы дæр сыфтыл. Лæмбынæг хъусут, цæмæй уæ бон суа мæ фæрстытæн дзуапп раттын.
(текст бакæсын)
2.Дзырдуатонкуыст:
тугдзых – хищный
саухъулæттимæ – с черными пятнами
æвдулын – валяться в снегу
3. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын
- Цавæр цæрæгой у митын стай?
- Кæм æмбæлы арæхдæр?
- Цæмæн æй бахастой Сырх чиныгмæ?
- Цы у Сырх чиныг?
Ахуыргæнæг:Раст у, митын стайæ уæлдай ма бирæ цæрæгойтæ хаст æрцыдысты Сырх чиныгмæ. Аххосджын та дзы у – адæймаг!
Æркæсут-ма уæ тексттæм. Иуæй-иу дзырдтæ дзы фыст сты стыр дамгъæйæ. Цæмæн?
(стыр дамгъæйæ фыст цæуынц сæрмагонд номдартæ)
4. Грамматикон æрмæджы фæлхат
Нæ тексты ис 3 дзырды цухгонд дамгъæтимæ. Хъусгæ сæ фæкодтам, фæлæ дзы фысгæ та цы ныккæндзыстæм?
- Цавæр ныхасы хæйттæ сты ацы дзырдтæ?
- Цæмæй йæ базыдтат?
- Цы у номдар?
- Куыд сбæрæг кодтат ацы дзырдты æмхъæлæсонты растфыссынад?
5. Фæлтæрæныл куыст
(тетрæдтæм рафыссын дзырдтæ, сæвæрын сæ иууон нымæцы)
Текстæй райстам дзырдтæ иууон нымæцы. Саразут-ма дзы бирæон нымæцы номдартæ.
Номдары бирæон нымæцы аразыны хицæндзинæдтæ ныффидар кæнын.
6.Дидактикон хъазт "Базон кæронмæ гæсгæ хауæн"
Ныр та уадз æмæ нæ цæстытæ ацыфæйнæгæй иучысыл аулæфой, мах та нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм номдары хауæнты кæрæттæ. Æз уын æвдисдзынæн карточкæ кæронимæ, сымах та дзурдзыстут цавæр хауæны кæрон у, уый.Ссарæм ацы хауæнты цы дзырдтæ ис тексты æмæ дзы иуцалдæр рафыссæм.
Номдары тасындзæг фысгæйæ ныффидар кæнын.
Иухатт-ма нæхи бафæлварæм. Иу ахуырдзау, хауæнтæ чи зоны, уый бавдæлæд, æмæ дзырды кæрæттæ хауæнтæм гæсгæ аивæд. Цымæ раст ныффыста, алчи дæр дзы йæ бынаты лæууы, йæхи хауæны фарсмæ?
Ныр та сбæрæг кæнæм нæ куыст.
7. Улæфæн минут.
Хорз бакуыстам. Рæстæг æрцыд баулæфынæн дæр. Не уæнгтæ аивазæм, æххуыс та нын кæндзысты, абон кæй кой кæнæм, уыцы цæрæгойтæ.
Физминуткæ:
Хъæдхой бæлас хойы.
Дымгæ хъæды къуыс-къуыс кæны.
Тæрхъус гæппытæ кæны митобæуттыл.
Дзывылдар бæласæй бæласмæ ратæх-батæх кæны.
Куыд бамбæрстат, афтæмæй стæм хъæды. Уым та цæры бирæ алыхуызон сырдтæ. Цæмæй семæ фембæлæм, уый тыххæй хъæуы æмбисæндтæ бакæсын.
Баулæфыдыстæм æмæ дарддæр кусæм.
Ацы хъуыдыйад равзарын хъæуы хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ, дзырдæн "хæхты" та скæнын морфологон æвзæрст.
III.Æрмæг ныффидар кæнын:
Иухатт-ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм номдарæн цавæр нысаниуæг ис æмæ грамматикон æууæлтæ.
IV. Хæдзармæ куыст.
Абон мах дзырдтам нæ алыварс дунейы цы цæрæгойтæ ис, уыдоныл. Кæй кой ракодтам, уыдоны нымæц къаддæрæй-къаддæр кæны. Чи зоны, ахæм рæстæг æрцæудзæн, æмæ бынтондæр зæххы цъарæй фесæфдзысты. Куыд уæм кæсы, цы бакæнын хъæуы, цæмæй уыцы цæрæгойтæ цæрой?
Сырх чиныгмæ дæр сæ уымæ гæсгæ хæссынц, цæмæй хъахъхъæд цæуой.
Куы дзонут, афтæмæй нæ горæты дæр ис сырддон, уым ис алыхуызон рæсугъд цæрæгойтæ.
Ныффыссын чысыл нывæцæн"Мах хъахъхъæнæм æрдз".
6 676 801 материал в базе
Настоящий материал опубликован пользователем Кулова Бэлла Батыровна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт
Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.
Удалить материалВаша скидка на курсы
40%Курс профессиональной переподготовки
300/600 ч.
Курс повышения квалификации
72/180 ч.
Курс профессиональной переподготовки
300/600 ч.
Мини-курс
4 ч.
Мини-курс
4 ч.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.