Инфоурок Другое Другие методич. материалыДоклад. "Нœ Иры бœрзонд стъалы"

Доклад. "Нœ Иры бœрзонд стъалы"

Скачать материал


Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Доклад. "Нœ Иры бœрзонд стъалы""

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 2 месяца

Руководитель организации

Получите профессию

Интернет-маркетолог

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Краткое описание документа:

               

 

 

 

       Къоста… Œрмœстдœр  номœй хонынц ирон адœм Хетœгкаты Леуаны фырт Къостайы.Бирœ адœймœгтœ хастой уыцы ном Къостайы размœ дœр .Фœлœ йœ Къостайы хуызœн кадджынœй , Къостайы хуызœн бœрзонд œмœ сыгъдœгœй ничи ныууагъта йœ фœстœ.

      Œрмœстдœр иунœг йœ ном œмœ адœймаджы раз сысты мœгуыр адœмы сœрхъуызой,сœ бартыл ,сœ фидœныл карз тохы чи бацыд,уыц арфœйаг Къостайы цардœгас сурœт.

   Къоста уыдис адœмœн  сœ карздœр сомыйы ,сœ зœрдœбындœр  арфœйы  сœр.Афтœмœй баззад нœ абоны фœлтœрœн.Афтœмœй баззайдзœнис нœ фидœны фœлтœртœн дœр.

     Ацы аз Къостайы райгуырдыл сœххœст ис сœдœ фœндзай æртæ азы.Фœлтœрœй фœлтœрмœ хизынц Къостайы œнœмœлгœ уацмыстœ œмœ дзыллœты зœрдœты гуырын кœнынц  бирœ арф сагъœстœ, бирœ рухс бœллицтœ œмœ фœндиагтœ.Сœдœ фœндзай азы рацыдис …Къоста йœхœдœг нал ис,фœлœ цы аивадон уацмыстœ ныффыста,уыдон цœрынц œмœ цœрдзысты,алы фœлтœр дзы исдзœнис зонды ныхœстœ,ног хъуыдытœ,ног бœллицтœ.

    Къоста у ирон адœмы историйы œнœхъœн къœпхœн,аивады тынтœй нывœзт дуг.Œмœ œцœгдœр ,Къоста цы алыхуызон диссаг ахорœнтœ ссардта,цы рœстœджы царди,уыцы рœстœг равдисынœн,цы бœлвырд нывты  равдыста  фœллойгœнœг адœмы 

цард,адœмы бœллицтœ,уыдонœн мœлœн нœй .Къоста систа тохы тырыса,хъахъхъœдта мœгуыр адœмы бартœ,тох кодта œфхœрджыты ныхмœ,паддзахы хицœутты ныхмœ .

            Цавœр рœстœджы царди œмœ куыста Къоста?

 Къоста царди œмœ кыста нудœсœм œнусы дыккаг  œмбисы. Цавœр рœстœг уыди уый?Œнœкœрон зын уавœрты цардысты  Уœрœсейы хуымгœнджытœ œмœ кусджытœ.Кœд  уыцы дуджы уырыссаг адœмы цард афтœ œвзœр нœ уыдис,уœд иннœ  нациты фœллойгœнджыты цард та уыди ноджы œвзœрдœр.

 

 

 

         

          Хœдхœцœг паддзахы фœсдзœуинтœ œнœхатырœй цъырдтой мœгуыр адœмы туг.Ахуырмœ,рухсмœ фœндаг сын нœ уыдис.

  Адœм бирœ таурœгътœ ,бирœœнкъард зарджытœ  скодтой сœ уœззау хъысмœтыл.Сœрыхъуын арцы сбады,зœрдœ ныккœрзы уыдонмœ хъусгœйœ.

     Тлаттаты кœвдœсард Чермены зарœг,Œфхœрдты Хасанœйы кадœг,Куырм Бибойы диссаджы таурœгътœ…Бирœ стыАдœм œдзухдœр бœллыдœсты зарœггœнœгмœ,сœ сœрыл чи рахœцыдаид,ахœм лœгмœ.

     Œмœ фœзынди ахœм адœймаг.1859 азы 15-œм октябры Нары хъœуы Хетœгкаты Леуаны хœдзары райгуырд Къоста.Йœ мад-Гуыбаты Мария амард Къостайы райгуырды фœстœ.Хъомыл кœнынмœ йœ райста йœхимœ се рвадœлты чындз –Чендзе.кœд йœхицœн дœр уыдис гыццыл сывœллон ,уœддœр уый Къостайы рœвдыдта куыд йœхи саби ,афтœ

 

    Фœстœдœр йœ фыд Леуан дыккаг ус куы œрхаста –Сухиты Хъызмыдœйы ,уœд ракодта Къостайы дœр сœхимœ.Уыцы бонœй фœстœмœ райдыдтой Къостайы мœгуыры бонтœ .Œппындœр нœ бауарзта Хъызмыдœ сывœллоны .Куыд дзурынц ,афтœмй Къоста йœхи œмбарынхъом куы фœци ,уœд арœх цыди  йœ мады ингœнмœ.Йœ лœджы кары куы бацыдис ,уœд адœмы ныхœстœм гœсгœ скодта йœ мады ныв дœр.

 

   Къостайы фыд Леуан ,кœд œй хœххон милицœйы хъуыддœгтœй уыйбœрц не вдœлыд ,уœддœр йœ  сидзœр лœппуйы нœ ныууагъта œнœ ахуырœй. Къоста фыццаг ахуыр кодта Нары дыууœазыккон скъолайы,стœй уœдВладикавказы прогимназы…Фœстœдœр Леуан Лабœмœ куы  ралыгъд ,уœд та Каланджинскы райдайœн училищейы.Афœдзы фœстœ та –Стъараполы гимназы.

   Œмгарджын,œмбалджын лœппу уыдис Къоста.Аргъ ын кодтой ахуырдзаутœ,ахуыргœнджытœ.Йœ ахуыргœнджыты œххуысœй,уыдонмœ хъусгœйœ бацыд Бетъырбухы Аивœдты Академимœ.

 

 

 

 

 

 

 

Аивœдты Академимœ…Уырыссаг нывгœнынады авдœн.Сœдœгай курдиатджын нывгœнджыты бœллиц.Цыма хъуыди уымœй хуыздœр хœххон лœппуйы!Œмœ Къоста зœрдиагœй бавнœлдта ахуыр кœнынмœ.Кœд ын цыфœнды зын уыдис ,уœддœр фœрœзта алцœмœн дœр .Фœлœ мœгуыры цин бирœ кœм хœссы! Хœххон ивартœй йын цы капеччытœ фыстой ,уыдон œнœнхъœлœджы баурœдтой.Цœмœй ма цардаид,œмœ ныууагъта йœ ахуыр.1885 азы фœстœмœ ссыздœхт йœ райгуырœн бœстœм.

    Къоста Бетъырбухœй сыздœхт œххœст лœгœй.Фидарœй œрлœууыди революцион демократон зондахастыл.Равзœрста йœ царды фœндаг,сбœлвырд кодта йœ фидœны нысœнттœ.Йœ адœмœн цы  радзырдтаид ,уый йœм уыдис.Œмœ йœ курдиаты хъару,йœ зœрдœйы цœхœр œппœтœй дœр сарœзта йœ нысанты сœйрагдœрмœ-адœмы сœрвœлтау  удуœлдай тохмœ.Хœххон адœмты хъизœмайраг царды уœззау таурœгъ хъуамœ ракодтаид дунетœн .Фœдис хъœрау хъуамœ ныййазœлыдаид йœ барджын хъœлœс.Хъуамœ хурмœ  ракалдтаид, хœдхœцœг паддзахы администраци œмœ бынœттон "уœздœттœ" мœгуыр адœмœн цы бирœ фыдмитœ  кодтой ,уыдон.Œмœ иу иннœйы фœдыл мыхуыры зындысты Къостайы уацмыстœ,ирон аивадон литературœйœн бындур чи œрœвœрдта ,фœстœдœр œцœг адœмон  зарджытœ чи сси ,уыцы œмдзœвгœтœ œмœ кадджытœ,œмбисœндтœ œмœ сагъœстœ.Œхсœнадон куыстœн равзœрста газеттœ.Зынгау сыгътой йœ цыргъфыст уацтœ, Цымыдисœй сœ кастысты бынœттон,стœй паддзахы  Бетъырбухы газетты.  Къостайы ном базыдтой бирœ дзыллœтœ.  Йœ зарджытœ йын зарыдысты Иры фœсивœд . Цыдысты йœм алы рœттœй œххуысмœ ,фœрсынмœ. Дзырдта сœ сœрыл. Къоста сси адœмы сœрхъуызой,адœмы лœг.

   Къостайы  ном адœмы цœсты цас кадджындœр,цас бœрзонддœр кодта,уыйбœрц фылдœр тас уагъта паддзахы фœсдзœуинты œмœ бынœттон "œхсины лœгты"Фœзынд тœссаг "змœнтœг" œмœ хицœуттœн сœ быны дон бацыд.Сусœгœй зилын байдыдтой Къостайы фœдал Агуырдтой йœм къухбакœнœнтœ.Œмœ сœ ссардтой-1891 азы административон œгъдауœй арвыстой Къостайы Терчы облœстœй.сœ зœрдœ дардтой ,уœдœ ныр кœд œрсабыр уаид,кœд йœ маст ссœуид,зœгъгœ.

 

 

  

 

   Фœлœ Къостайœн йœ ныфс нœ асаст.Ноджы зыддœрœй кодта йœ куыст-фыста œмдзœвгœтœ, уацтœ, арœзта ног нывтœ…

Œргомœй дзырдта ,паддзахы фœсдзœуинтœ хœххон адœмты œхсœн колониалон политикœ кœй фидар кœнынц ,уый ныхмœ .

     Тынг фœзынд дыккаг ахаст Къостйы œнœниздзинадыл.Стœгниз йœ куыст кодта,бонœй-бон œгъатырœй  саста поэты хъару.1900 азы Къоста сыздœхт Херсонœй .Дыууœ азы фœцарди  Пятигорскы ,стœй 1902 азы сыздœхт Ирыстонмœ.Йœ фœстаг бонтœ арвыста Лабœйы.

        1906 азы уалдзœджы йœ зарынœй банцад Иры булœмаргъ.Фыццаг œй баныгœдтой Лабœйы ,фœлœ йœ фœстœдœр сластой Ирыстонмœ œмœ йœ баныгœдтой Ирыхъœуы аргъуаны кœрты.Къостайœн йœхи загъдау :

               

                    Уый бœрц œрцœугœ нœма федтон иу ранмœ,

                  Уый бœрц œркœсгœ нœма федтон иу зианмœ

                           Хохœй-быдырœй…

 

 

     Стыр литературон бынтœ ныууагъта Хетœгкаты Къоста.Канд сœ бœрцмœ гœсгœ нœ ,фœлœ сœ аивадон бœрзонддзинадмœ,сœ хъуыдыйы арфмœ гœсгœ ."Сидзœргœс","Додой","Салдат"…Œвœццœгœн Къоста œндœр куы ницы ныффыстаид,уœддœр баззадаид ирон литературœйы бœрзонддœр стъалыйœ.

    Дыууœ мады  œхсырœй схъомыл Къостайы аивад.Иуœй-ирон адœмон сфœлдыстад.Иннœмœй- Стъараполы гимназ œмœ Бетъырбухы ахуыргœнгœйœ ,Къоста йœ тохы,йе сфœлдыстады тырысайœн равзœрста уырыссаг  литературœйы раззагдœр  минœвœртты фœндаг ,фидарœй ныллœуыд уыцы фœндагыл. Чернышевский Добролюбов, Некрасовы революцион-демократон идейœтœ систы йœ тохы ,йœ царды сœйрагдœр нысан.Уырыссаг  литературœйы руаджы Къостайы раз байгом ног дуне.Уырыссаг œвзаг сси йœ дыккаг мадœлон œвзаг.

 

 

 

 

            

 

               Рагон нœртон лœгау зарын куы зонин ,

              Арвмœ куы хъуысид мœ фœндыры хъазт,-

              Дзыллœты сеппœт мœхимœ œрхонин,

            радзурин уыдонœн зœрдœйы маст…

 

   Бирœ маст œрœмбырд йœ зœрдœйы Къостайœн йœ мœгуыр адœмы хъизœмайраг цардмœ кœсгœйœ.Œгœр ын сыгъта йœ риу œмœ йœ хъуамœ дзырдтаид канд йœхи адœмœн нœ ,фœлœ дунетœн се ппœтœн дœр.Дунетимœ та дзурœн уыдис œрмœстдœр стыр уырыссаг  œвзаджы œххуысœй,бœрзонд аивады тыхœй.

  Œмœ базыдта ,сахуыр кодта стыр уырыссаг œвзаджы бирœ сусœгдзинœдтœ.Йœ дыккаг мадœлон œвзагыл кœй фыста ,уыцы œмдзœвгœтœ,кадджытœ,драмоуœцмыстœ,радзырдтœ,публицистикон

статьяты фœрцы œргомœй ныфсджынœй дзырдта йœ адœмы судзгœ мастыл,дунетœн ракодта йœ адœмы уынгœг таурœгъ.

     Зындгонд советон  поэт œм œхсœнадон архайœг Николай Тихонов хуымœтœджы нœ загъта:

     "…Къоста уырыссаг œвзаг,уырыссаг аив ныхас тынг бирœ кœй бауарзта,уымœн œнустœм  цардœгас œвдисœн баззадысты ,уырыссагау цы œмдзœвгœтœ œмœ уацхъуыдтœ,очерктœ œмœ пьесœтœ  ныффыста,уыдон.Къоста œрмœст ирон поэт нœу,фœлœ ма  у уырыссаг поэт œмœ фыссœгыл нымад  дœр."

 

   Иннœ ахœм поэт Илья Сельвинский:

      "… Чернышевски  œмœ  Добролюбовы философи ,Лермонтов œмœ  Некрасовы поэзии,Перовы ,Крамскойыœмœ Репины нывгœныны аивад,Чайковскийы музыкœ,иудзырдœй,уырыссаг культурœ сœрыстыр цœмœйдœриддœр уыдис œмœу-се ппœт дœр баиу сты œмœ бахызтысты Хетœгкаты Къостайы туджы"

    

Ногœй œмœ ногœй кœсœм Къостайы œнœмœлгœ уацмыстœ œмœ нœ дисы œфтауынц сœ арф хъуыдыйœ,сœ ахадвндзинад œмœ фыссœджы  къœрцхъусдзинадœй.Куыд хорз зыдта йœ рœстœджы цард! куыд лœмбынœг дардта йœ хъус ,йœ алыварс  цы хабœрттœ цыди ,уыдонмœ!Куыд сыл œххœссыдис œмœ сыл куыд арœхсгœ фыста!

 

     

 

         Йœ рœстœджы ахсджиагдœр цаутœй иу дœр œнœрхъудыйœ нœ баззад Къостайœн.Œрмœстдœр Къостайы фœрцы баззадысты уыцы цаутœ  фидœны фœлтœртœн .Стœй хуымœтœджы  цаутœй нœ ,фœлœ Къостайы рœсугъд œвзагœй фœлгонœй,Къостайы тыхджын œнкъарœнтœй цардхъомœй.

               Œз уарзын адœмты, œппœт дунеты уарзын,

              Œз уарзын сидзœрты-œфхœрд чи у œдзух

             Фœлœ фылдœр нœ хъœу ,нœ мœгуыр адœм уарзын,
            Мœнœн мœ зœрдœйœ нœ кœнынц цух,-

фыста Къостайœ уырыссаг œмдзœвгœтœй иуы.Адœмты ,дунейы дзыллœты уарзгœйœ,Къоста фылдœр ,уœлдай хъулон уарзтœй уарзта йœ райгуырœн хœххон хъœу œмœ мœгуыр адœмы,œфхœрд œмœ œвœгœсœг сидзœрты.Уыдоны сœрыл кœддœриддœр цœттœ уыди йœ уд раттынмœ.Уыдон цœмœй сœрибармœ иукъахдзœф акодтаиккой,уый тыххœй йœцард œппœтœй дœр нывондœн  œрхœссынмœ.Œмœ йœ карз сомы нœ фœсайдта,йœ нœрœмон зœрдœйы цœхœр œппœтœй дœр радта йœ мœгуыр адœмœн.

      1898 азы  3 сентябры Къоста ныффыста,йœ зœрдœйы тугтœй  кœй сфœлдыста,уыцы ирон уацмысты œмбырдгонды фыццаг цъарыл:

 

          "ИРОН ФŒНДЫР.ЗŒРДŒЙЫ   САГЪŒСТŒ ,ЗАРДЖЫТŒ,  КАДДЖЫТŒ ŒМŒ  ŒМБИСŒНДТŒ…"

 

    "Зœрдœйы сагъœстœ…"Хуымœтœджы нœ райдыдта йœ уацмыстœ нымайгœйœ уыцы дыууœ дзырдœй Къоста.Сœ арœзтмœ гœсгœ, се нкъарœнты уœзмœ гœсгœ сын œндœр хуызы схонœн нœ уыди.Зœрдœйы сагъœстœ уыдысты поэты уацмысты туг œмœ стœг,сœ уœззаудœр улœфт.Стœй сœ иумœйаг ном-"Ирон фœндыр!"Ирон удыхъœд,йœ тыхстытœ,йœ цинтœ ,йœ бœллицтœ…Œппœтдœр баиу уыцы арфœйаг номы.Œппœтœн дœр разынд аккаг бынат.Дзœгъœлы йœ нœ хонынц адœм сœ зœронд царды энциклопеди.

    Къостайы "Ирон  фœндыр" бирœты ракœсын кодта сœ цœстытœй.

Хœххон мœгуыр лœг дзы федта йœхи,йœ бинонты, йœ зонгœты,йœ хъœубœсты…Федта дзы йе фхœрджыты,йе знœгты сурœттœ.Йœ зœрдœмœ йын бакœсын кодта рухсы цъыртт,баууœндын œй кодта сомбоныл.

   

 

 

 

       "Ирон фœндыр" сси ирон  аив литературœйы фидар бындур,йœ цœсгом,йœ бœрзонддœр œфцœг.Йœ алы уацмыс дœр райгуырд  зœрдœйы судзгœ  маст œмœ œнœкœрон уарзондзинадœй. Кœм мады  ныхœстау ,кœм фидисмœ сидœджы дзырдтау цыбыр œмœ нуарджын, кœм райсомы уддзœфау сыгъдœг сты "Ирон фœндыры" уацмыстœ.Ахœм тœхудиаг хысмœт дœр сын уымœн ис-сœ рантыстœй нырмœ дзы иу дœр нœу рохы.Фœндагыл уа ирон адœймаг,фœскуыст ныхасы бада,йœ фыртыфыртœн исты таурœгъ кœна,œнахуыр уазœг сœмбœла, - йœ ныхасы сœр уыдон вœййынц.

 

    Коста "Ирон фœндыры" равдыста мœгуыр хœххон адœмы царды œцœг нывтœ ,адœмы бœллицтœ œмœ хъуыдытœ,хœххон œвадат œрдзы тызмœг  нывтœ;сарœзта диссаджы цардœгас обрœзтœ.Œрмœст сœ иунœг хатт чи бакœса ,уымœй дœр никыуал ферох уыдзысты хœххон мœгуыр адœмы царды нывтœ:œфцœгœй коммœ уад дзыназы , их доныл саразы йœ хид,лœджы œмбœрц куыд œруары мит,уыцы нывтœ.Œдзух йœ цœстытыл уайдзысты мœгуыр  фœндырдзœгъдœг,сœрибаруарзаг œм цардбœллон Хъуыбадыйы обрœз,хохаг мœгуыр œххуырсты куысты дœр фœллад чи нœ зоны ,уыцы œрыгон œнœном лœппуйы обрœз ("Чи дœ?),Мœгуыр цуанœтты сурœттœ ("Фсати").

 

    Къостайы уацмысты мидœг хœххон царды нывтœ œмœ мотивтœ

ахсынц сœйраг бынат,фœлœ уыдон зœрдœйы нœ гуырын кœнынц œнœныфсдзинад œмœ œрхœндœгдзинад.Къостайы поэзии у цардуарзынгœнœг,цардыл тохгœнœг.Кœд йœ лирикон геройтœ  цыфœнды зынтœ œвзœрстой,уœддœр уыдон зœрдœсаст нœ уыдысты,нœ фœлладысты сœ зын цард œмœ куыстœй,сœ каст уыди размœ ,рухсдœр фидœнмœ.Уымœн œвдисœн Хъуыбады.Уый дзыллœтœй иу лœг нœ барœвдыдта,нœ федта мады рœвдыд,йœ цардуалдзœджы йœ  йœ хъарм хъœбысы ничи ауызта.Цы нœ бывзœрств Хъуыбады,фœлœ уœддœр поэт куыд зœгъы ,афтœ йœ къах нœ фœллад йœ цœугœ царды,йœ ныфс нœ асасти.

 

 

 

 

 

  

  Кусын œмœ куыстуарзын сты Къостайы поэзийы ахсджиагдœр мотивтœ .Къостайœн йœ сидзœртœ œмœ йœ мœгуыртœ кусынœй нœ фœлмœцынц,фœлœ сын куыст нœ уыди ,фœлмœцгœ œмœ тыхсгœ уымœй кодтой."Нœ сидзœр,нœ мœгуыр œнœхай куыстœй"-фыста Къоста йе мдзœвгœйы.

   "Чи дœ?",зœгъгœ ,уыцы поэмœйы œнœном лœппу  дœр йœ куыстœй  нœ фœллайы,уый у цардбœллон œмœ цардуарзон герой

     Цардуарзын œмœ ныфс сты Къостайы поэзийы хорз миниуджытœ .Уыдон баст сты сœрибар œмœ тохы мотивтимœ.Царды нывтœ се цœг хуызы œвдисынœй поэт рахизы сœрибары сœрыл тох кœныны мотивтœм

     "Додой","Œнœ фыййау","Уайдзœф мын ма кœн","Ракœс","Œз пœхуымпар нœ дœн" œмœ œндœр œмдзœвгœты Къоста œвдисы фœллойгœнœг дзыллœты социалон œмœ моралон œфхœрд œмœ ссœст уавœр.

            Фидар рœхыстœй нын не уœнгтœ сбастой,

            Рухс кувœндœттœй хынджылœг кœнынц,

            Мард нын нœ уадзынц ,нœ хœхтœ нын байстой,

           Стырœй ,чысылœй нœ уистœй нœмынц…

     Иугай ныйистœм ,ныууагътам нœ бœстœ,_

   Фосс дœр ма афтœ ныппырх кœны сырд,_

   Рауай-ма,рауай нœ фыййау нœ фœстœ,

  Иумœ нœ рамбырд кœн арфœйы дзырд!

        "Додойы"тохы пафос у тынг стыр. Поэт йе мдзœвгœ бауафта масты  œмœ œртхъирœны тœф кœм ахъардта,ахœм ныхœстœй.

 

    Адœм Къостайы сфœлдыстады ахсынц стыр бынат.Фœлœ Къоста цы адœммœ дзуры ,цы адœмы бартœ хъахъхъœны,уыдон кœрœдзи фаг нœма œмбœрстой,фосы бирœгъ куыд  ныппырх кœны ,афтœ ныппырх œмœ ныййиугœттœ сты.Къостайы фœндыдис ,цœмœй ирон фœсивœд,фœллойгœнœг адœм  бамбœрстаиккой се фхœрœг ,сœ марœджы ,цœмœй сœ зонахаст фœбœрзонддœр уыдаид,уый.Фœсивœды œрœмбырд кœнын œмœ уыдонœн рухс фœндагыл саразын,уыдонœн рœстдзинад бауарзын кœнын Къоста нымадта йœ стырдœр хœсылУыцы хъуыды зыны "Балцы зарœджы":

 

 

 

 

 

                Цœйут, œфсымœртау ,

               Радтœм нœ къухтœ

              Абон кœрœдзимœ,

               Иры лœппутœ!
  Скœнœм нœ тырыса

Дзыллœйы номœй.

Рухсмœ œнœзивœг

Цомут œнгомœй!..

           Рœстдзинад уарзынœй

          Скœнœм нœ фœндаг…

        Гъе,мардзœ,магуса!

       Фесœф ,нœуœндаг!..

 

Цас œмœ цас рœсугъд œмдзœвгœтœ ныффыста Къоста!

   Œмœ куыд нœ! Байхъусœм ма сœм:

 

                            …Нœ дзыллœйы зœрдœ-

                               Мœ хуымгœнды хай;

                               Нœ бœсты сагъœстœ –

                               Мœ фœззыгон най  …                                

 

    …Адœмœн сœ цœхджын фыдтœ

        Царœй фœныкмœ тœдзынц,

        Махœн та хœлынбыттыртœ

      Цары ахстœттœ кœнынц…

             

                  …Мах бар нал сты нœ сœртœ…

                    Азар, цалынмœ дœ зœрдœ

                   Не ссау фырмœстœй,

                   Адœмы мœтœй!..

 

…Нœй кад мœгуыр лœгœн йœкуыстœн,-

Йœ сихор ,йе хсœвœр йœ мœт;

Йœ уат-ыскъœт,зыгум -йœ лыстœн,

Хъœбœр йœ цъœх хуыссœн нымœт…

          

              

 

 

            …Сидзœртœн хъœдуртœ

                 Се хсœвœр хуыдта,

              Афтœмœй сын дуртœ

             Цуайнаджы фыхта…

 

       Сомыйы ,œрдхœрœны ныхœстœ..Цас алыхуызон œнкъарнтœ дзы ис.Иу дзы иннœйы хуызœн нœу.Œвœджиауы хорз фидауы ныхœсты быд,нывты œвœрд.Цас хъуыдытœ гуырын кœнынц адœймаджœ зœрдœйы! Цыма сын œндœр хуызы зœгъœн нœ  уыд.Цыма œндœр хуызы фидаугœ дœр не скодтаиккой.Аив œрмœст иунœг дзырд ,œмœ иннœтœ базгъœлœнтœ уыдзысты,фехœлдзœн сœ хъуыды.Иннœ ахœм –сœ хуымœтœгдзинад.Œнцон œмбарœн,ирд хъуыдытœ.Зарджытœ дœр уымœн систы.Адœмон зарджытœ.Тохмœ цœуœг,хœстон фœндœгтыл бырсœг зарджытœ.

     Œрцыди Къоста афтœ тынг кœмœ бœллыди ,йœ сœр нывондœн кœуыл œрхаста ,уыцы рœстœг.Сыстадысты œфхœрд адœмтœ,ныссастой œнусон цагъардзинады рœхыстœ.Хуры тынтœ ныккастыстыИры талынг хœхœтœм дœр.Адœм ноджы бœрзонддœр систой Къостайы œнœмœлгœ зарджытœ.

      Азœй-аз кадджындœр,азœй-аз бœрзонддœр кœны Къостайы ном.Къоста цœры йœ адœмы  зœрдœты,йœ адœмы хъуыддœгты.Уый у не мдугон.Цœудзысты азтœ,фœлœ Къостайы ном рохуаты никуы баззайдзœн.Уымœн œмœ ,цытджын советон фыссœгАлександр Фадеевы загъдау:

          "…Къостайы ном,куыд фœзœгъынц,-"гыццыл"ирон адœмы стыр поэты ном-бахаудзœн зœххы къорийы œппœты зынгœдœр адœймœгты номхыгъдмœ.Ирон адœмœн сœ бон  сœрыстыр уœвын у социализмы дидинœгкалœг культурœйы хœзнадоны сœ цытджын хъœбул œмœ стыр нывгœнœг Хетœгкаты Къоста уд кœм бауагъта,уыцы уацмыстœ налхъуыт-налмасау цœхœртœ кœй калдзысты,уымœй!

 

        

                                                      

 

 

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 654 997 материалов в базе

Скачать материал

Другие материалы

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 10.01.2015 303
    • DOCX 1013 кбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Накусова Ирина Ахсарбековна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Накусова Ирина Ахсарбековна
    Накусова Ирина Ахсарбековна
    • На сайте: 9 лет и 3 месяца
    • Подписчики: 21
    • Всего просмотров: 30415
    • Всего материалов: 36

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Фитнес-тренер

Фитнес-тренер

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс профессиональной переподготовки

Организация деятельности библиотекаря в профессиональном образовании

Библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3950 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 284 человека из 67 регионов
  • Этот курс уже прошли 847 человек

Курс повышения квалификации

Специалист в области охраны труда

72/180 ч.

от 1750 руб. от 1050 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 33 человека из 20 регионов
  • Этот курс уже прошли 152 человека

Курс профессиональной переподготовки

Руководство электронной службой архивов, библиотек и информационно-библиотечных центров

Начальник отдела (заведующий отделом) архива

600 ч.

9840 руб. 5900 руб.
Подать заявку О курсе
  • Этот курс уже прошли 25 человек

Мини-курс

Организация образовательного процесса в современном вузе

5 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Разработка и проведение онлайн-обучения

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 23 человека из 15 регионов

Мини-курс

Эффективное управление запасами

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе